филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
12 января 2021, 11:37
Мæздæджы уыд открыткæты цымыдисаг равдыст

Бацæттæ кодтой равдыст ног азы темæмæ гæсгæ

Мæздæджы Пушкины номыл библиотекæйы кусджытæ сфæнд кодтой, районы центры цæрджыты зæрдыл ногæй æрлæууын кæнын, æрæджы дæр ма алы советон бинонты цы æрвыстæгтæ æмбырд кодтой, уый. Бацæттæ кодтой равдыст ног азы темæмæ гæсгæ. Зымæгон пейзажтæ, Мæскуыйы Сырх фæзы бæрæгбоны фæлыст, æмæ ма бирæ æндæр зæрдылдарæн бынæттæ. Открыткæты æвдыст æрцыдысты, зæгъæн ис, æмæ советон паддзахады историйы ирддæр сыфтæ. Сæйрагдæр та уый, æмæ открыткæтæ уыдысты хæлардзинады фæрæзтæ. Уыимæ, æмбæлтты, æмкъласонты, æмкурсонты æмæ ма суанг алы хæстæджыты хсæн. Ног азы бæрæгбоны фæдыл арфæтæ тахтысты нæ бæстæйы алы горæттæм æмæ хъæутæм. Фыстой сæ æнæхъæн бинонтæй. Бирæтæм ныры онг дæр ис ахæм открыткæты хъæздыг коллекцитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania