филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
12 января 2021, 11:39
Æрæфы районы хатдзæгтæ скодтой кæртыты аив фæлыстыты конкурсæн

Конкурсы архайынц дыккаг аз

Цæмæй Æрæфы районы цæрджытæ ног азы диссæгтыл баууæндой, стæй ног азы рухс фидæнмæ райдзаст къахдзæф акæной, уый тыххæй ныр дыккаг аз саразынц, йæ хæдзары цур  чи рæсугъддæр саив кæндзæн, уыдоны хсæн ерыстæ. Ныридæгæн сбæрæг сты уæлахиздзаутæ.  Æртыккаг бынат лæвæрд æрцыд Хуыты Алæнæн, дыккаг сси Бабочиты Аланæ, фыццаг бынаты аккаг фæлыст та йæ хæдзар æмæ, йæ хæдзары цур скодта Гасанты Мураты бинонтæ. Конкурсы архайынц дыккаг аз. Æмæ æмбырд бинонтæй бацархайынц иу хаттæй, иннæмæ  диссагдæр куыстытæ бакæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania