филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 28 сентября 2024
14 января 2021, 12:03
«Мамысоны» фæндагыл тоннель арæзт æрцæудзæн, Ручъы тоннель цы стандарттæм гæсгæ конд у, ахæмтæм гæсгæ

Йæ рацарæзт райдыдта

«Мамысоны» курортмæ фæндагыл тоннель арæзт æрцæудзæн, Ручъы тоннель цы стандарттæм гæсгæ конд у, ахæмтæм гæсгæ. Йæ рацарæзт райдыдта. Уыцы хъуыддæгтæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыди 200 милуан сомы. Тоннель уæвгæ акъæртт кодтой 1980-æм азы, Зæрæмæджы ГЭСы арæзтады рæстæг. Пайда дзы кодтой технологон куыстыты. Уымæ гæсгæ, транспорты параметртæн дзуапп нæ дæтты. Рацарæзты фæстæ дзуапп дæтдзæн æппæт домæнтæн. Уыдзæн дзы вентиляци, рухсытæ æмæ æппæт хъæугæ системæ. Цалынмæ дзы арæзтадон куыстытæ цæуынц, уæдмæ та уал дзы ис уæлæмхасæн хид.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania