14 января 2021, 12:06
Хуссар æфсæддон зылды агурджытæ сæ цæттæдзинадыл æфтауынц хæххон уавæрты
Ахуыртæ цæуынц Дайраны комы
Хуссар æфсæддон зылды агурджытæ сæ цæттæдзинадыл æфтауынц хæххон уавæрты. Ахуыртæ цæуынц Дайраны комы. Фыццаг фæлтæрæнты бакуыстой æрхъуыдыгонд ныхмæлæууæгимæ æрбабырсты мадзæлттыл. Æфсæддонтæ архайдтой зын уавæрты, скодтой инженерон æмæ æндæр цæттæдзинадыл фæлтæрæнтæ. Сæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнынц цыфæнды уавæрты дæр. Хур уа, æви къæвда – æфсæддонтæ сты ахуырты. Агурджытæй алчидæр йæ фæлтæрддзинад æмæ арæхстдзинад фæлвæрдта къæдзæхтыл быргæйæ. Уымæй уæлдай архайдтой уæлдæфы æмæ доны бынты архайыныл дæр. Ахуырты рæстæг пайда кодтой навигацион кусæнгæрзтæй. Ахуырты архайынц 100 æфсæддонæй фылдæр.
темæмæ гæсгæ