филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
14 января 2021, 12:08
1-æм январæй фæстæмæ йæ тыхы бацыдысты зынгсирвæзты ныхмæ ног домæнтæ

Цалдæр хайады бынтон дæр сног кодтой

Нырæй фæстæмæ цæрæн хæдзæрты кæртыты физонджытæ кæнын уыдзæн закъоны ныхмæ. Ацы азы 1-æм январæй фæстæмæ йæ тыхы бацыдысты зынгсирвæзты ныхмæ ног домæнтæ. Цалдæр хайады бынтон дæр сног кодтой. Баст сты пиротехникон æрмæгимæ, стæй хъæууонхæдзæрадон зæххытыл æртытæ кæнынимæ. Ныр домæнтæм гæсгæ нæй бырæттæ æмæ кæрдæг судзæн, уыимæ фатерты балкъонты дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ райдыдтой профилактикон рейдтæ аразын. Бæрæг кæнынц бирæфатерон хæдзæрттæ, æмæ сæ цæрджытæн дзурынц ногдзинæдты тыххæй. Инспектортæ ма бæстон кæсынц уавæрмæ, æмæ сæхимæ бæрæг кæнынц, исты фиппаинæгтæ куы сбæрæг кæнынц, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania