филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 28 сентября 2024
20 января 2021, 13:08
Дзæджыхъæyы йæ куыст сног кодта 33 маршрут

Фæлæ нырма фаг нæма сты

Бынатмæ æнæ къуылымпыйæ, уыимæ цыбыр рæстæгмæ бахæццæ уæвын. Дзæуджыхъæуы бирæ цæрджытæн ацы фарстайы тыххæй æвзæрстой зындзинæдтæ. Кæд пандемийæйы размæ, 33-æм маршрут æнæ къуылымпыйæ куыста, уæд æрæджыйы онг та æхсæнадон транспорт фаг нæ кодта. Адæм æрлæууæнты хардз кодтой сæ рæстæг. Ныр уавæр аивта. Маршрут сног кодта йæ куыст. Фæлæ дзы  уæддæр нырма ис бакусинаг хъуыддæгтæ. Цавæртæ, уый тыххæй Касаты Наирæйы æрмæг.

Медицинон академийы студенткæйæн йæ ахуырмæ фæндаг фæцыбырдæр дыууæ хатты. Фидæны дохтыр институтмæ бацхæццæ кæныны тыххæй хъуыди цалдæр маршруты баивын. Фала уымæн кæрон æрцыд. Йæ куыст райдыдта 33-æм маршрут.

33-æм маршрутон такси Дзæуджыхъæуы æмæ Ногиры фæндæгтыл фенæн нал уыди ивгъуыд азы мартъийæ фæстæмæ. Йæ аххосаг – коронавирусы пандемийæ. Щофыртæн сæ фылдæр хайы, сæ кармæ гæсгæ бахъуыди хи изоляцийы ацæуын.  Бæлццæттæласæн компани фарста алыг кодта. Æрæмбырд кодта ног шофырты. Ныридæгæн райдыдтой линимæ цæуын.  Фæлæ нырма фаг нæма сты.

33-æм маршрут йæ фæндаг райдайы Шмулевичы уынджы, горæты бирæ уынгты уылты ныххæццæ вæййы Ногирмæ. Бирæ адæмæн хæссы тынг æнцойдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania