22 января 2021, 12:20
Республикæйы æххуысхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн æрæмбырд кодтой хойраг æмæ уæлæдарæс
Æххуысгæнджытæ кæсынц бинонты царды уавæртæм дæр æмæ сæ архайынц фæхуыздæр кæныныл.
Искæйы рис æмбарын æмæ сын æххуыс кæнын. Республикæйы сарæзтой акци. Бирæсывæллонджын бинонты æхсæнадон организаци, бархионты райрæзты ресурсон центр æмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ æххуысхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн æрæмбырд кодтой хойраг æмæ уæлæдарæс. Ис дзы фыццаградон хъæугæ продукттæ – кърупатæ, æхсыры продукци, сæкæр, зетъи, хъарм къахы дарæс, æмæ сывæллонæн хъæугæ дзаумæттæ. Æххуыс цæуы æппæтуæрсеон егъау акци «Мы вместе»-йы фæлгæты. Акци цæуы куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ районты. Æххуысгæнджытæ кæсынц бинонты царды уавæртæм дæр æмæ сæ архайынц фæхуыздæр кæныныл.