филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
29 января 2021, 11:52
Æнæнхъæлæджы цауты министрады æмæ газы куыстгæнджытæ бæрæг кæнынц хæдзæртты хъармгæнæн техникæйы куыст

Зымæгон хъармгæнæн сезоны газы системæ вæййы ноджыдæр тæссагдæр

Къуырийы размæ Цæгат Ирыстоны сыгъдхъæстæйæ амард 3 адæймаджы. Донхъармгæнæн хæлд кæй уыд, уый аххосæй Дзæуджыхъæуы фæмард æрыгон чызг. Тарскæйы та фæздæгдзоны амæттаг баисты 2 бинойнаджы. Специалисттæ зæгъынц, газ уæгъдæй кæй цæуы, уымæ гæсгæ сыгъдхъæстæйæ адæм арæхдæр мæлынц. Æнæнхъæлæджы цауты министрады æмæ газы куыстгæнджытæ аразынц иумæйаг рейдтæ æмæ бæрæг кæнынц хæдзæртты хъармгæнæн техникæйы куыст. Æдасдзинады мадзæлтты тыххæй дзуры Касаты Наирæ.

Чи нæ зыны, ахæм фыдгæнæг. Афтæ хонынц, цъæх артаг хи барæй куы фæцæуы, æмæ сыгъдхъæстæ куы вæййы, уæд. Газы кусæнгæрзтæм æнæмæнгæй хъæуы цæстдарын. Уый та хъуамæ кæной специалисттæ. Уæлдай тынгдæр кæсын хъæуы кусæнгæрзтæ чи иу кæны, уыцы æрмæджытæм. Уырдыгæй газ куы цæуа, уæд фыдбылызæй у тæссаг.

Газ хи барæй цæуы æви нæ, уый базонæн ис куыд йæ тæфмæ гæсгæ, афтæ хæтæлмæ бавналгæйæ дæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй газ æхситты хуызы куы цæуа, уæд уый дæр дзурæг у, куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусы, ууыл. Зæронд хъармгæнæн системæ кæм ис, ахæм хæдзæртты арæх фæпайда кæнынц хиконд газы кусæнгæрзтæй. Уый та арæх расайы фыдбылызмæ. Адæймаг сыгъдхъæстæ куы фæвæййы, уæд цардæн у тæссаг.

Хъармгæнæн агтæ цы агъуыстыты æвæрд ис, уыдонмæ хъуамæ æдзух цæуа сыгъдæг уæлдæф. Рейды рæстæг хæдзæрттæй иуы газы службæйы специалисттæ раиртæстой электрон вентиляцийы системæ. Хæдзары хицæутты бафæдзæхстой, æмæ сын загътой, хæстæгдæр рæстæг закъонхæлд куыд снывыл кæной, уый.

Зымæгон хъармгæнæн сезоны газы системæ вæййы ноджыдæр тæссагдæр. Фылдæр хатт вæййы афтæ, амæ йæ адæм зонгæ дæр нæ фæкæнынц, хъармгæнæн системæйы къуылымпыдзинæдтæ кæй ис, уый.

Цæмæй цæрджытæ газы системæйæ хъыгдард ма баййафой æмæ фыдбылызæй хызт уой, уый тыххæй хъæуы æдзух цæстдарын. Рейды рæстæг адæмæн байуæрстой зæрдылдарæнтæ. Документты фыст ис, газæй пайда кæныны сæйрагдæр мадзæлттæ, стæй фыдбылызы рæстæг хи дарыны æгъдæуттæ. Зæгъæм, адæймаг цъæх артаджы тæф куы бамбара, уæд куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр хъуамæ рацæуа бæстыхайæ æмæ бадзура газы службæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania