филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
02 февраля 2021, 12:47
«Мамысон»-ы сæрды хъуамæ фæзына интернет

Ныридæгæн куыстытæ фесты, оптикон трассæ кæй хонынц, ууыл

«Мамысон»-ы ацы аз сæрды хъуамæ фæзына интернет. Ныридæгæн  куыстытæ фесты, оптикон трассæ кæй хонынц, ууыл. Сбæрæг интернетæй æххæстгæнæг куыстуат дæр. Уый у бынæттон компани. Сæрмагонд хызы фæрцы интернеты лæггæдтæ уыдзысты бирæвæрсыг: видеоцæстдард, интернет-телеуынынад, æдасдзинады системæ. æппæт ацы хъуыддæгтæ тынг хъæугæ уыдзысты курорты арæзтадон фæзты. Трассæ æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуæй Зæрæмæгмæ. Боныхъæд куы фæхуыздæр уа, уæд та хызæг бахæццæ кæндзысты Лисрийы онг, уым уыдзæн интернет уарæн пункт. Æппæт куыстытыл хардзгонд  æрцæудзæн  13 милуан сомы. Августы та дзы фæзындзæн дыууæ операторы мобилон точка. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania