филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 28 сентября 2024
03 февраля 2021, 11:28
Амалхъомдзинады рæзт æмæ æгуыст адæмæн алвæрсыг æххуыс кæнын, стæй национ проекттæ царды уадзын – ацы æмæ æндæр фарстатæ хаст æрцыдысты Хицауады æмбырды боны фæткмæ

Амыдта йæ Тускъаты Таймураз

Амалхъомдзинады рæзт æмæ æгуыст адæмæн алвæрсыг æххуыс кæнын, стæй национ проекттæ царды уадзын. Ацы æмæ æндæр фарстатæ хаст æрцыдысты Хицауады æмбырды боны фæткмæ. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы рацарæзт нымад у фыццаградон хæстæй иу. Бакуыстой сæрмагонд регионалон программæйыл, фæрæзтæ та йын радих кодтой федералон бюджетæй. Проект царды æххæст кæнынæн хæстæгдæр 3 азы схардз кæндзысты 1 миллиард сомæй фылдæр.

Профилон ведомствойы разамонæг Годжысаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, медицинон куыстуæттæн самал кæндзысты 139 кусæнгарзы æмæ 37 транспортон фæрæзы. Уымæй дарддæр нысан кæнынц 7 ног объекты саразын, стæй 4 объекты рацаразын. Бындуронæй сцалцæг кæндзысты, ныртæккæ чи кусы, ахæм 9 куыстуаты. Хицауады сæрдар бабар кодта проектон-сметон документацийыл бакусын, æмæ йæм ивддзинæдтæ бахæссын.

Хицауады æмбырды ма ныхас цыд федералон æмæ республикон бюджеттæй субсидитæ дæттыны хъуыддагыл. Уыдонæй царды уаддзысты проекттæ «Цифровая среда» æмæ «Нырыккон скъола».

Ам Тускъаты Таймураз йе ргом аздæхта ахуырады министрады æмæ муниципалон куыстуæтты ахадгæ æмархайдмæ. Уæлдайдæр та ахуырадон центртæ «Точка роста» Дигорайы, Æрыдоны æмæ Хумыллæджы куы бабæрæг кодта, уæд. Хицауады Сæрдар куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъæуы фылдæр хъарутæй архайын, æмæ ног практикæтæ парахат кæнын, национ проекттæ царды уцадзгæйæ. Мобилон кванториумы архайдыл дзургæйæ та сæвзæрд фарстатæ.

Томайты Хъазыбег та радзырдта 2021-æм-2023-æм азтæн инвестицион программæйы проекты тыххæй. Фæрæзты иумæйаг бæрц у 574 милуаны æмæ 500 мин сомæй фылдæр. Уыдонæй царды уаддзысты паддзахадон программæты объекттæ. Ведомствойы разамонæг ма радзырдта Бæтæхъойыхъæуы социалон-экономикон рæзты программæйы тыххæй. Проектыл бакуыстой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисмæ гæсгæ. Снысан кодтой мадзæлтты пълан, æмæ фæрæзтæ цæуыл хардз кæндзысты, уый. Сæ иумæйаг бæрц уыдзæн 349 милуан сомæй фылдæр.

Номхыгъдмæ хаст æрцыдысты амалхъомдзинады рæзтæн стæй æггуыст адæмæн æххуысы мадзæлттæ. Се хсæн сты центр «Мой бизнес» æмæ программæ  «Содействие занятости населения». Тускъаты Таймураз бафиппайдта, куыд ахсджиаг у проекты ахадындзинад. Уымæй дарддæр ма бакусын æмбæлы иннæ хъæуты рæзты программæтæ саразыныл.

Хицауады æмбырды ма радзырдтой хъæууон хæдзарады министрады субсидитæ дæттыны фæткы тыххæй. Баст у социалон цæрæнуæттæ дæттынимæ стæй хъæуккаг территоритæ аив кæнынимæ. Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ та фехъусын кодта сæрмагонд мадзæлтты пъланы тыххæй. Уый фæрцы хъуамæ æгуыст адæмы нымæц зынгæ фæкъаддæр уа. 2021-æм азы кæронмæ бæрæггæнæнтæ хъуамæ аивой. Нысан кæнынц куысты бынæттæ самал кæнын  21000 адæймагæй фылдæрæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania