филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
04 февраля 2021, 13:15
Республикæйы фылдæр кæнынц фæндæгты дæргъ æмæ аразгæ конструкциты нымæц

Бирæтыл сæ, национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, конд æрцыдысты цалцæджы æмæ рацарæзты куыстытæ

Афæдзæй-афæдзмæ нæ республикæйы фылдæр кæнынц фæндæгты дæргъ æмæ аразгæ конструкциты нымæц. Бирæтыл сæ, национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, конд æрцыдысты цалцæджы æмæ рацарæзты куыстытæ. Аргъ та сын кæнынц, фыццаджыдæр, шофыртæ.

Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, фыццаг дыууæ азмæ сцалцæг кодтой регионалон æмæ муниципалон фæндæгты 60 километрæй фылдæр республикæйы æппæт районты. 2020-æм азы проекты фæрæзтæй Горæтгæрон районы рацарæзтой 3 хиды. Арæзт æрцыдысты ивгъуыд æнусы 50-йæм азты. Нырыккон техникон домæнтæн аразгæ конструкцитæ дзуапп нал лæвæрдтой. Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады Комитеты заказмæ гæсгæ æнæххæстбарджын æхсæнад «Бурстроймонтаж»-ы специалисттæ рацарæзтой 2 хиды Октябрьскæйæ – Тарскæмæ фæндагыл. Йæ 7-æм километрыл, зæронд хиды фарсмæ сарæзтой ног хид 20 метры дæргъæн. Фæллойгæнджытæ бахынцтой æппæт лыстæг хъуыддæгтæ дæр, цæмæй тыхджын уарынты æмæ донивылдтыты рæстæг арæзтад ма фехалой, уый тыххæй. Уæвгæ ног хид цыфæнды æрдзон фæзынды ныхмæ дæр хъæддых фæлæудзæн. Хиды уæрх фадат радта дыууæ фарсы фæндаг саразынæн. Уымæй дарддæр дзы дыууæрдыгæй дæр ис къахвæндæгтæ.
Камбилеевкæйы цæугæдоны сæрты хиды дæр сæвæрдтой былгæрæттæ фидаргæнæн цæджындзтæ. Уæдæ раппæлинаг хид арæзт æрцыд 78-æм километрыл дæр, фæндаг Мæздæг – Черменыхъæу -Дзæуджыхъæуы уаццагыл. Цæуы Черменыхъæумæ æмæ Ольгинскæмæ. Ам алы бон дæр рацæуынц мингай машинæтæ.

Æнæххæстбарджын æхсæнад «Техоснащение»-йы специалисттæ та рацарæзтой, 41 метрæй даргъдæр хид. Æппæт конструкцитыл дæр æвæрд æрцыдысты дондзæуæн хæтæлтæ. Бакуыстой æндæр фарстатыл дæр. Сæйрагдæр нысан – хидты фидар æмæ æдасдзинад, стæй сæ бирæ азты эксплуатаци.

Уæдæ егъау куыстытæ бакодтой хидтæм бацæуæнты дæр. 2021-æм азы ма национ проекты фæрæзтæй нысан кæнынц 70 километрæй фылдæр фæндæгтæ сцалцæг кæнын. Уыдонæй 6 уаццаджы сты Горæтгæрон районы. Сæ иумæйаг дæргъ у 22 километры æмæ 800 метры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania