филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
05 февраля 2021, 10:58
Фыййаджыбыл æмæ Рассветы хъæутæ цы хид бæтты, уый арæзт æрцыд 60 азы размæ

Цæрджытæ сæ курдиатимæ бацыдысты республикæйы сæргълæууæгмæ – ныр дзы аразынц ног хид

Фыййаджыбыл æмæ Рассветы хъæутæ цы хид бæтты, уый арæзт æрцыд 60 азы размæ. Уыцы æмгъуыдмæ ныккæллæдзаг ис, æрцæуы дзы фыдбылызтæ. Уавæрæн цæрджытæ дарддæр нал фæрæзтой æмæ сæ курдиатимæ бацыдысты республикæйы сæргълæууæгмæ. Ныр дзы аразынц ног хид. Кæд æй байгом кæндзысты, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

54 метры йæ дæргъ, 11 метры та йæ уæрх. Ног хидмæ Рассвет æмæ Фыййаджыбылы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Зæронд хид зынгæ къаддæр у, дыууæ машинæйы дзы уыцы-иу рæстæг алырдæмты нæ ацæудзысты.

Хиды хæрзхъæддзинад дызæрдыккаг нæу, зæгъы арæзтадон хайады хицау Зохъоты Артур. Пайда кæнынц нырыккондæр технологитæй.

Зæронд хид арæзт æрцыд 60 азы размæ æмæ фæстаг рæстæг сси тæссаг. 2019-æм азы хъæуы цæрджыты æмбырды сфæнд кодтой фарста республикæйы сæргълæууæджы раз æрæвæрын.

Ныр куыстытæ сты сæ тæмæны. Ныртæккæ йæ фидар кæнынц цементæй. Хиды арæзтад фæуыдзæн ацы азы майы. Ног хид куы байгом кæной, уæд зæронд фехалдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania