Афтæ фæстаг 3 азмæ Цæгат Ирыстоны продукцийы рауагъд фæфылдæр 10 хатты
Кæсаджы куыст нæ республикæйы кæны парахатдæр, æмæ йæ бæрæггæнæнтæ та сты раппæлинаг. Афтæ фæстаг 3 азмæ Цæгат Ирыстоны продукцийы рауагъд фæфылдæр 10 хатты. Хъæууон хæдзарады ацы къабазы амалхъомдзинад апарахат кæнын у республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдтæй иу. Фæлæ ис лыггæнинаг фарста, иу донгуырæн уыцы-иу рæстæг цалдæр хæдзарады фсады, фæлæ се ппæтыл не ххæссы. Уый донгурæнæн йæхицæн, гæнæн ис, æмæ æрхæсдзæн зиан. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.
40 мин кæркæ-мæркæ балер кæсаджы Кировы районы донгуырæнты сæхи хорз æнкъарынц. Кæсаджы куыст ам райдыдтой афæдзы мбисы размæ. Цыбыр рæстæгмæ рауагъдад схызт 25 тоннæмæ, фæлæ уæддæр фæлхасгæнджыты курдиат фылдæр у.
Хи лæппын кæсæгтæ кæй уадзынц, уый фадат дæтты продукцийы хæрзхъæддзинадмæ цæст дарын. Еугæфæй райдай, æмæ цалынмæ фæлхасгæнæгмæ бахæццæ уа, уæдмæ. Барел кæсагæн хæринаг дæттынц стандарттæм гæсгæ. Уый дæр сын ныфс дæтты, кæсаг æнæнизæй кæй хъомыл кæндзæн, ууыл. Æмæ ма ахсджиаг у сыгъдæг доны куыд уой. Республикæ та уыцы хорзæхæй хайджын у.
Инвестицион программæты руаджы Цæгат Ирыстоны кæсаджы рауагъдад фæстаг 3 азмæ фæфылдæр 10 хатты æмæ у 3 600 тоннæйы.
Фæлæ нæ хъомыс у зынгæ фылдæр, фæбæрæг кодта хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег журналисттимæ фембæлды.
Ацы аз республикæйы кусын райдайдзæн, кæсаджы куыст кæныны райрæзтæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм программæ. Проекты аргъ у 5 милуаны æмæ 500 мин сомы. Сарæзта йæ Наукон иртасæн институты Волжскаг-Хъаспийаг кæсаджы куыстгæнæн хæдзарады дæлхайад. Хъæууон хæдзарады министрады фидарæй уырны кæсаггуыстгæнæн хæдзарæдтæ аразын кæй хъæуы наукон иртæстытæ хынцгæйæ.
Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ ацы фарстайы фæдыл арæзт æрцыд кусæг къорд, йæ сæргъы ис хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Нырма уал сæ размæ æвæрынц хæс сфидар кæнын куысты фæтк æмæ сбæрæг кæнын кæсаджы куыст кæм цæудзæн, уыцы фæзуаттæ.