филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
16 февраля 2021, 12:50
Алагирæгтæ рагæй тыхсынц доны фарстайæ

Ацы фарстатайы фæдыл республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Мæскуыйы кусæг балцы рæстæг ныхас кодта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллинимæ

Алагиры районы та доны фæдыл фарстатæ куы фæзынд, уæдæй бирæ рæстæг рацыд. Хъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ уый у сæ иумæйаг рис. Ацы фарстатайы фæдыл республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Мæскуыйы кусæг балцы рæстæг ныхас кодта  Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллинимæ.

Алагиры цæрджытæн сæ  мигæнæнтæ æдзух  донæй дзаг кæй сты, уый дзурæг у ууыл, æмæ ам царды хос кадавар кæй у. Кæнæ та нуазынæн нæ бæззы. Уымæн сæ иуæй-иу  хатт фæхъæуы хохы донгуырнæмæ фæцæуын, кæнæ та сыхаг хъæутæм.

Хъесаты Фатимæ дзуры, ныронг кæй баивтой 4  донцъирæны, се ппæт дæр басудзынц.

Ноджыдæр ма иу цæрæг  Советты уынджы, Дзукъаты Зæлинæ зæгъы, цæмæй къуста цыхсой, уый тыххæй сæ дон  хъæуы хъарм кæнын.  Æлхъывдад ныллæг кæй у, уымæ гæсгæ газы колонкæ не скусы, стæй кусæнгарз дæр тагъддæр сæтты.

Алагиры администрацийы разамынд зæгъы, æппæт лыггæнинаг фарстатæ сын зонгæ кæй сты. Бынæттон цæрджытæ сæ хъаст рагæй хæссынц. Фæлæ æнæ федералон æххуысæй сæ бон ницы у. 2014-2015-æм азты цæрджытæ доны аххосæй рынчындонмæ куы бахаудтой, уæд Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управлени сæхгæдта Тамисчъы донæмбырдгæнæн. Абоны бонмæ скусын кодтой æппæт уæлæмхасæн донгуырæнтæ дæр, фæлæ уый фаг нæу. 

Иу ахæм донгуырæн раздæр уыд хъæдæрмæджы куыстгæнæн заводы бæрны. Фарон æй Алагиры администраци райста дæргъвæтин арендæйы. Ссыгъдæг æй кодтой æмæ дзы ныр донæй фсадынц УЗК-айы.

Доны фарста лыггонд æрцæудзæн æрмæстдæр уæд, æмæ Алагиры æппæт дондзæуæн хæтæлтæ куы баивой, стæй донæмбырдгæнæн «Лац-2». Йæ фæрцы Алагиры районæн ратдзæн уæлæмхасæн дон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania