филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
17 февраля 2021, 12:27
Цæгат Ирыстоны фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц та 2021-æм азы фæфылдæр уыдзæн 7,7%

Фæллойы æмæ социалон райрæзты министр Хуыбаты Барисы ныхæстæм гæсгæ иу адæймаджы цæрыны æппын къаддæр бæрц уыдзæн 10 мины æмæ 596 сомы


Хъæууон хæдзарады министрады цур фæзындзæн бындурон арæзтады управлени, дзулфыцджыты бон уыдзæн субсидитæ райсын, фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц та 2021-æм азы фæфылдæр уыдзæн 7.7%. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд республикæйы хицауады æмбырды. Фæллойы æмæ социалон райрæзты министр Хуыбаты Барисы ныхæстæм гæсгæ иу адæймаджы цæрыны æппын къаддæр бæрц уыдзæн 10 мины æмæ 596 сомы. Фæллой кæнын кæй бон у, уыдонæн та 11 мины æмæ 023 сомы. Пенсиисæджы æппынкъаддæр бæрц та уыдзæн 8 мины 367 сомы, сывæллоны – 10 мины 889 сомы. Æмбырды ма ныхас цыд, дзулфыцджытæ сæ продукци рауадзынæн цы схардз кæнынц, уый иу хай раздахынæн субсидитæ райсыны фæткыл. Хъæууон хæдзарады министры хæдивæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй продукцийы 1 тоннæйæн 2000 сомы бæрц субсидитæ лæвæрд цæудзысты хицæн уавæртæм гæсгæ, сæйрагдæр у, цæмæй продукцийы аргъ фылдæр ма кæна. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз загъта, кæй хъæуы лæмбынæг бакусын, цæмæй дзы мæнг митæн бынат ма уа, уый тыххæй

Хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Мæрзойты Хъазыбег радзырдта бындурон арæзтады управленийы сæрмагонд проекты тыххæй. Ацы ведомствæ саразын бахъуыд программæ «Хъæууон территориты иумæйаг райрæзт»-ы бындурыл. Нысанмæ арæзт программæ «Хъæуты нырыккон хуыз» æххæстгæнгæйæ 2020-æм азы республикæйы сарæзтой æмæ бындуронæй сцалцæг кодтой коммуналон æмæ социалон инфраструктурæйы 10 объектты. Сæ иумæйаг аргъ у 675 милуан сомы. Афтæ программæйы фæрæзтæм гæсгæ Уæрæсейы субъектты хсæн Цæгат Ирыстон ахста 7-æм бынат. 2021 азы нысангонд цæуы 12 объекттыл схардз кæнын 687 милуан сомы. Тускъаты Таймураз фæнысан кодта, хъæууон территориты райрæзтыл кæй хъæуы къæпхæнгай бакусын. Ног структурæйы сæргъы дæсны разамонæг куы рлæууа, уæд уый фадат ратдзæн хъуыддагмæ фылдæр инвестицитæ бахæссын. Ноджы ма хицауады сæрдар ведомствæйы разамонæгæн бахæс кодта ацы хъæппæрисимæ федералон æмвæзадыл æрдзурын

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania