филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
17 февраля 2021, 12:46
Йæ 95 азы юбилей сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Арутюн Хачикян

Ветеранæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты национ-культурон æхсæнад «Эребуни»-йы минæвæрттæ

Йæ 95 азы юбилей сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Арутюн Хачикян. Ветеранæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты национ-культурон æхсæнад «Эребуни»-йы минæвæрттæ. Уазджытæ йын скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ, æмæ йын сæ зæрдæ загъта бирæ азты цæрæнбон. Фæстæдæр уазджыты æрбахуыдтой традицион сомихаг фынгмæ. Уæвгæ та ахæм фембæлдтытæ ветераны гуырæн боны исты традицион. Арутюн Хачикян йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йын тынг зынаргъ у ахæм ахастдзинад. Юбиляр раргом кодта йæ дæргъвæтин царды сусæгдзинæдтæ дæр. Фронтмæ ацыд 44-æм азы. Тох кодта Ныгуылæн Украинæйы. Уæлахизы боныл та сæмбæлд Румынийы. Йæ фыдыуæзæгыл сæмбæлд 50-йæм азы. 90-æм азты райдиан та йæ бинонтæ æрбынат кодтой Дзæуджыхъæуы. Уæдæй фæстæмæ цæрынц ам. Йе мкъаимæ схъомыл кодтой рæсугъд цот, уыдоны кæстæрты æмæ хъæбулы хъæбулты дæр. Арутюны чидæриддæр зоны, уыдон зæгъынц – кадджын хистæр кæй у хæларзæрдæ æмæ адæмуарзон нæлгоймаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania