филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
19 февраля 2021, 09:45
Йæ цардæй ахицæн ирон аив дзырды дæсны, фæлтæрдджын редактор æмæ уацхæссæг Гæджиты Илья

Бирæ азты дæргъы фæлæггад кодта Ирыстоны телеуынынадмæ кæсджытæн

Йæ цардæй ахицæн нæ раздæры мкусæг, ирон аив дзырды дæсны, фæлтæрдджын редактор æмæ уацхæссæг Гæджиты Илья. Бирæ азты дæргъы фæлæггад кодта Ирыстоны телеуынынадмæ кæсджытæн. Цыфæнды темæйыл дæр-иу куы фыста, уæддæр-иу ссардта зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ. Уæлдай ргом здæхта хъæууон хæдзарады къабазмæ. Уарзта колхозты, совхозты æмæ феремерон хæдзарæдты фæллойгæнджыты архайдыл æрмæджытæ фыссын. Æмæ йын уади иттæг хорз. Уæдæ йæ кæстæр æмкусджытæн дæр никуы бавгъау кодта йæ зонындзинæдтæ, амыдта сын-иу журналисты дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Афтæмæй телеуынынады куыст бауарзын кодта цалдæр фæлтæрæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania