филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
25 февраля 2021, 12:26
Дзæуджыхъæуы лæггадгæнæг куыстуæттæ фæткмæ гæсгæ сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ

Фылдæр æргом здæхт цæуы сæйраг уынгтæм æмæ машинæты змæлд фылдæр кæм цæуы, уыцы уынгтæм

Зымæг йæ бартæ райста, фæлæ куыд рабæрæг афтæмæй бирæтæн уыд æнæнхъæлæджы. Афтæ иуæй-иу шофыртæ митмæ æнхъæлмæ нал кастысты, æмæ раивтой сæ хæдтулгæты зымæгон цæлхытæ. Горæты лæггадгæнæг куыстуæттæ фæткмæ гæсгæ сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ, фæлæ уазæлтты аххосæй цæх æмæ змисы змæст ахадгæ не сты.

Æхсæвы 2 сахатæй нырмæ Хъойбайты Сослан æмæ ма ноджыдæр 14 митсыгъдæггæнæн машинæйы шофыртæ рацыдысты горæты фæндæгтæм. Сæ радмæ рагацау бацæттæ кодтой, раздæр фæндаг ныссæгъдæг кæнынц, уый фæстæ та змис æмæ цæххы æмхæццæ апырх кæнынц.

Фылдæр æргом здæхт цæуы сæйраг уынгтæм æмæ машинæты змæлд фылдæр кæм цæуы, уыцы уынгтæм.  9 тракторы сыгъдæг кæнынц къахвæндаг, 9 адæймаджы та мит сыгъдæг кодтой белтæй.

Кæд сæрмагонд техникæ фæндагмæ рацыд, уæддæр йæ фæстиуджытæй нæдæр шофыртæ, нæдæр фистæгæйцæуджытæ разы не сты. 

Куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй уазæлтты аххосæй змисы æмхæццæ хорз нæ ахады уавæрыл. Уæлдæфы температурæ 7 градусæй уазалдæр куы уа, уæд цæх ницы пайда хæссы. Фæлæ уæддæр сæрмагонд машинæтæ сæ куыст нæ уромынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania