филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
02 марта 2021, 14:16
Дзæуджыхъæуы райдыдтой КВН-ы скъоладзауты лигæйы зымæгон кубок рамбулыны ерыстæ

Конкурсы архайдтой 12 командæйы


Хъæлдзæг æмæ цыргъзонд фæсивæд. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты райдыдтой Дзæуджыхъæуы КВН-ы скъоладзауты лигæйы зымæгон кубок рамбулыны ерыстæ. Конкурсы архайдтой 12 командæйы. Се хсæн Махачкалайы æмæ Грознайы минæвæрттæ дæр. Традицимæ гæсгæ фæсивæд сæ хъæлдзæг ныхæстæ равдыстой дыууæ къæпхæнæй: «Разминка» æмæ «Приветствие». Кубок рамбулыныл архайынц куыд дебютанттæ, афтæ лигæйы цалдæр азы чи вдисы йæхи, ахæм командæтæ. Сæ алы рацыдæн дæр лæвæрд цыди 5 минуты. Темæ та уыд хибарæй æвзæрст. Сывæллæттæ ацы конкурсæн хъæлдзæг ныхъæстæ хъуыды кодтой сæхæдæг. Уымæй дарддæр ма равзæрстой музыкæ æмæ сценикон уæлæдарæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania