филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 суббота, 28 сентября 2024
03 марта 2021, 13:13
Электрон тыхдæттæг системæйы аххосæй бирæсывæллонджын бинонтæ баззадысты æнæ хæдзарæй

Цоритæн 20-æм февраль сæ цард адих кодта дыууæ хайыл

Электрон тыхдæттæг системæйы аххосæй бирæсывæллонджын бинонтæ баззадысты æнæ хæдзарæй. Цоритæн 20-æм февраль сæ цард адих кодта дыууæ хайыл. Сæ хæдзар куы басыгъд, уæд баззадысты æнæ дзаумæттæй æмæ гæххæттытæй дæр. Ныр 6 адæймаджы тых амæлттæй иумæ æрбынат кодтой, цы иунæг уат сын баззад, уым. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæхæлар адæмы æххуысыл сæ ныфс дарынц. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

20-æм февралы цыколайаг Цориты бинонты æрцыд фыдбылыз – басыгъди сæ хæдзар. Афтæмæй та уыцы рæстæг хæдзары уыдысты æрмæстдæр сывæллæттæ. Фæздæг куы федтой, уæд балыгъдысты сыхæгтæм. Зынгхуыссынгæнджытæ бынаты уыдысты хæрзцыбыр æмгъуыдмæ, фæлæ уæддæр уыцы рæстæгмæ бинонты исбон басыгъди.
Хæдзар æнæхъæнæй дæр пиллон фестад – басыгъдысты хъæдзаумæ, уæлæдарæс, документтæ, стæй сæ фæрæзтæ дæр. Ныртæккæ Цориты бирæсывæллонджын бинонтæ: ныййарджытæ æмæ 4 скъоладзауы цæрынц, æнæхъæнæй чи баззад, уыцы иу уаты. Зæрдæхæлар адæм сын баххуыс кодтой уæлæдарæсæй, æмæ хæдзары дзаумæттæй. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ зынгсирвæзт æрцыд, электрон тыхдæттæг системæ, куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ куыста, уый аххосæй.
Цориты Зауыр фыдбылызы тыххæй бирæ дзурын нæ уарзы. Уымæн æмæ йын зын у хъаст кæнын, æмæ æххуыс агурын. Бинонты хистæр сахуыр йæхи хъарутæй архайын. Фæлæ ацы уавæр хуымæтæг нæу.
Ахæм фыдбылызæй хи бахъахъхъæнæн нæй, фæлæ куы рцæуа, уæд та æнæ зæрдæхæлар адæмы ххуысæй раздæры цардмæ раздæхын тынг зын хъуыддаг у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania