филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
03 марта 2021, 13:21
Тохъайты Нох сбæрæг кодта йе 80 азы юбилей

Уый фæдыл ын раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав


Паддзахады политикæ аразгæ у йæ экономикæйæ, уыимæ ма свæййы царды нысан, æхсæнады ахсджиаг чи у, уыцы наукæйæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны кой кæнгæйæ. Сæ иу, экономикæйы наукæты доктор, профессор, Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат, бирæ хæрзиуджыты хицау Тохъайты Хасанбийы фырт Нох. Уый ацы бонты сбæрæг кодта йе 80 азы юбилей. Уый фæдыл ын раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уæвгæ фехъусынæй, фенын хуыздæр у.

«Финанстæ æмæ кредит»-ы кафедрæйы сæргълæууæг, экономикон наукæты доктор, профессор. Тохъайты Нохы кабинеты дуæрттæ алкæмæн дæр сты гом. Ам, йæ кусæн бынаты фæархайы студенттимæ, фæиртасы сын сæ куыстытæ

Фæлтæрдджын педагогы разамындæй хъахъхъæд æрцыд 70-ай куыстæй фылдæр, стæй 7 докторон диссертицийы. Уыимæ каст фæци Мæскуыйы Паддзахадон университет. Профессоры хъуыдымæ гæсгæ – нæй æвзæр æмæ хорз студенттæ, ис ахæмтæ, кæцыты нæ фæфæнды лæмбынæгæй хъуыды кæнын. Сæйрагдæр у дæ размæ нысан сæвæрын æмæ йæм цæуын.

Чидæртæ та бамбарынц, цы дæсныйадыл ахуыры фæндæгыл сты, уый йæ фидæнимæ баст кæй нæу, æмæ ацæуынц æндæр къабазмæ. Æмæ уый дæр хорз у, зæгъы Тохъайы фырт. Æмæ йыл æнæ баууæндæн нæй, йæ ахуыргæнæджы фæлтæрддзинад хæццæ кæны æнусы æрдæгмæ. Райдыдта кусын Украинæйы, наутæ аразæн институты. Дæнцæгæн зæгъдзыстæм, уым йе студент уыд Валерий Меладзе. Наутæ аразæг специалист дзы нæ рауад, фæлæ сси хорз зарæггæнæг.

Бирæ азты Нох фæллой кæны ЦИПУ-йы. Уыцы рæстæгмæ йын бантыст бирæ специалисттæ бацæттæ кæнын. Уæвгæ йæ ацы ахуыргæнæндонмæ æрбахуыдта, университеты уæды ректор Галазты Æхсарбег, куыд хорз зонындзиндæтæ чи æвдыста экономикæйы къабазы ахæм специалисты. Æмæ 80-æм азтæй архайы ахуыргæнæндоны райрæзтыл æмæ республикæйы экономикæйыл. Йæ фæрцы дзы байгом сты менеджемент æмæ маркетингы къабæзтæ. Фæзындысты «Хъаллонтæ æмæ хъалон исыны фæтк», стæй «Финанстæ æмæ кредит».

Æппæт уыцы хъуыддæгтæй уæлдай ма Тохъайты Нох у дæсны политикон архайæг. У Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат. Фæархайы республикæйы бюджет арзыныл. Æххуыс кодта районты райрæзтæн.

Тохъайты Нохы кой кæнæгæйæ, йын адæмы размæ рахассын æмбæлы йæ бирæ хорз миниуджытæ. Хæстæг æй чи зоны, уыдон ын стыр аргъ кæнынц йæ сыгъдæг удæн. ЦИПУ-йы Президент Мæхæмæтты Алиханы фырт Ахуырбег йе рыгон бонтæй зоны, хъуыды ма кæны Мæскуыйы Паддзахадон университетмæ йæ фæндараст кодта, уый дæр. Уæдæй бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, фæлæ сæйрагдæр – фидар, фæлæ йæ зæрдæхæлар зæрдæйы ахаст баззад раздæрау.

Тохъайты Нохы раныхас вæййы хъуыддаджы фæдыл. Йæ карз ныхæстыл никæй зæрдæ уал худы. Алчидæр йæ æмбары – уый цы дзуры, уый кæй æмбары.

Тохъайты Нохы фæлтæрддзинадæн аргъ кæнынц алы æмвæзады хицауад дæр. Йæ юбилейы фæдыл ын раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æмæ йын радта «Ирыстоны Намыс»-ы орден.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania