филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:17 суббота, 28 сентября 2024
04 марта 2021, 13:26
Кадджын xистæр, зондамонæг сылгоймаг Æлбегонты-Езеты Венерæ

Йемæ фембæлд Сосранты Жаннæ, æмæ базыдта цæмæнты разыны фæразон адæймаг, уый

Цард афтæ арæзт у, æмæ, æвæццæгæн, зын ссарæн у дыууæ æмхуызон хъысмæты хицæутты. Алкæмæн дæр, куыд фæзæгъынц, йæ райгуырдæй бæрæг вæййы йæ фидæн. Царды уылæнты æххæстæй цæугæ кæмæн рауад, уыдоны номхыгъдмæ бахæссæн ис нæ абоны æрмæджы хъайтары. Цыколайы цæрæг Æлбегонты-Езеты Венерæ цард искæйы ныхæстæй нæ зоны. Йемæ фембæлд Сосранты Жаннæ, æмæ базыдта  цæмæнты разыны фæразон адæймаг, уый. 

Цыколайы Æлбегонты Рамазаны бинонты кой кæнгæйæ, æмбæлы зæгъын, кæй сты  хæсты фæстæ зынцæрдтытæ лæмбынæгæй сæхиуыл чи банкъардта, уыдоны  номхыгъды. Ныртæккæ кæд Рамазан не хсæн нал ис, уæддæр ын йæ царвæндаджы мысинæгтæ хорз хъуыды кæны йæ бинойнаг Езети Венерæ.

Йæ цардæмбалы фыдæн  та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг цæугæ рауад  хæстмæ, фæшистты ныхмæ тохмæ.

Абон  йæ ном ис йæ хиуæтты зæрдæты æма зæрдылдарæн чингуыты. Æнцон кæм уыд, фæлæ  йæ кæстæртæ, се ппæт дæр  царды сæ бынат ссардтой. 

Венерæ, йæ абоны цардæй разы у, фæлæ  йе рыгон бонтæ  мысгæйæ та йæ зæрдæ суынгæг вæййы.

Афтæмæй æрыгон дыууæ уды сарæзтой сæ иумæйаг къæс. Иу усм дæр, Венерæйæ иу хъуыддаг дæр  нæма ферох. Хорз зоны йæ  цардæмбал Æлбегонты Рамазаны æрыгон бонты хабæрттæ дæр. 

Рамазан механикыл сахуыр кодта, æмæ йæ дæсныйадæй пайда хаста бинонтæн æмæ æхсæнадæн. Венерæ та Цыколайы, уæды мыхуыры цæдисы фæкуыста пенсийы онг.  Схастой, кæд зынтæй, уæддæр рæсугъд, адæмуарзон кæстæртæ. Рамазан Венерæйæ цыппæрдæс азы хистæр кæй уыд, уый та Венерæ нымайы сæ фидар бинонты сусæгдзинадыл.

Ацы бинонты цардвæндаджы  хабæрттæ кæд хъæлдзæгдæртæй не сты, уæддæр сын сæ кæрæдзийы æмбарындзинад æма цардмæбæллондзинады фæрцы цы  рæсугъд цард саразын бантыст, уый та у адæмы размæ рахæссыны аккаг. Куыд фæзæгъынц, цард хи къухтæй аразгæ дæр кæй у, уымæн дæнцæг сты Æлбегонты бинонтæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania