филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
09 марта 2021, 12:38
Дохтырты архайдæй разы у Рæмонты Зойæ

83-аздзыд сылгоймаг, кæд уæззау уавæры бахауд тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ, уæддæр æууæндыд, æнæнизæй йын кæй бантысдзæн йæ хæдзар ссарын, ууыл

Цард цæуы, æмæ фарн хæссы, фæзæгъынц. Фæлæ Æрыдоны цæрæг Гогичаты – Рæмонты Зойæ йæ сабибонты зындзинæдтыл ахъуыды кæнгæйæ, æмбары хæсты бонты зын цæрдтытæ цæй аххосæй уыдысты, уый. Фæлæ абоны низы, ома короновирусы уацары бахаугæйæ, йæ уды цы тас бацыд, уый ницæимæ абарæн ис. 83-аздзыд сылгоймаг, кæд уæззау уавæры бахауд тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ, уæддæр æууæндыд, æнæнизæй йын кæй бантысдзæн йæ хæдзар ссарын, ууыл. Дохтыртæй разыйæ чи баззад, уыцы Рæмонты Зойæимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Гогичаты-Рæмонты Зойæ раздæры азтæ мысгæйæ бирæ хъуыддæгтæ абары абоны цардимæ, абоны адæмимæ. Бæгуыдæр Хæсты сывæллæтты цард хуæздæртæй æмæ бæллиццагдæртæй кæм уыд, фæлæ уæддæр кæрæдзи уарзондзинад та сын хъару лæвæрдта æппæт зындзинæдтæн фæразон уæвынæн, зæгъы бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинаг Рæмонты Зойæ.

Рæмонты Зойæйы сабибонтæ ацыдысты Дур-Дуры. Фашисттæ уырдæм куы æрбацыдысты, уæд ма кæд чысыл чызг уыд, уæддæр сын сæ абуалгъ миты хабæрттæ хорз хъуыды кæны.

Зойæ бинонты фæндзæм сывæллон уæвгæйæ иу баззад хæдзары йæ хистæр хоты æвджид, йæ мад быдырты кусынмæ куы ацыд уæд.
Низ, куыдæй рвзары йæ амæттаджы, уый абоны онг æххæстæй бæрæг нæма у. Афтæ Зойæ дæр бахаудта коронавирусы уацары. 83 аздзыд сылгоймаг кæд фæтарст, уæддæр йæ уæлхъус цы диссаджы адæмуарзон дохтыртæ æрбаллæууыд, уыдон ын хъару радтой æнæниздзинадмæ фæндаг ссарынмæ.

Æхсызгон куыд нæу , Æрыдоны цæргæйæ Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ зын уавæры бахаугæйæ, дыл ахæм зæрдæхæлар адæм куы сæмбала, уæд.

Зоя, æвæццæгæн иу нæу, ахæм арфæйы ныхæстæ чи ракæндзæн дохтыртæн, ахæм. Фæлæ Зойæ та ракуырдта не сфæлдыстадон къордæй, цæмæй низы уацары бахауджытæ фæхæццæ кæнæм ,

Сихъоты Алёнæйы хуызæн дохтыртæ рынчындоны алкæуыл дæр кæй сæмбæлдзысты, æмæ сыл сæхи бафæдзæхсæндт. Зойæ та цæргæбонты арфæйаг уыдзæн рынчындоны коллективæн, стæй йæ палатæйы чи хуыссыд, уыдонæн.

Æвæццæгæн рæсугъд уды хицау чи уа, уый фæфæнды иннæты дæр фæхайджын кæнын йæ райдзастдзинадæй. Афтæ Зойæ дæр сæмбæлд, тагъд æххуысы клиникон рынчындоны йæхи хуызæн зæрдæхæлар адæмимæ, уыимæ дæсны дохтыртыл, кæцытæ йæ , канд низæй не сдзæбæх кодтой, фæлæ ма йын йæ уд байдзаг кодтой цардуарзон æнкъарæнтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania