филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
11 марта 2021, 12:28
Нæ бæстæйы 150 уынгæн лæвæрд æрцыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты нæмттæ

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект «Хъæбатырты уынг» та сæрмагондæй арæзт у æдзард хæстонты ном сæнуысон кæнынимæ

Нæ бæстæйы 150 уынгæн лæвæрд æрцыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты нæмттæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект «Хъæбатырты уынг» та сæрмагондæй арæзт у æдзард хæстонты ном сæнуысон кæнынимæ. Уыцы хъæппæрис фехъусын кодтой Уæрæсейы Президентæн дæр. Куыд уадзынц царды историон проект Цæгат Ирыстоны, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ацы бонмæ Адеты мыггаджы активисттæ æнхъæлмæ кастысты дыууын азы. Хæсты быдыры хъæбатырæй цы фондз æфсымæры фæмардысты, уыдоны нæмттæ уынгты нæмтты фæрцы сæнусон кæныны хъæппæрис кæддæр загъта Сосланы фыд Умар. Ныртæккæ йæ фыды хъуыддаг дарддæр хæццæ кæны йæ кæстæр. Алы рæттæм курдиæттæ æмæ фыстæджытæ æрвитгæйæ рæстæг куыд атахт, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтой. Арæх иу сæ фарстайæн дзуапп дæр нæ райстой. Дзусаты Лидия у Адеты фондз хæстоны хæрæфырт. Куыд дзуры, афтæмæй йæ кæддæр бахъуыдис æфсымæрты хæстæгдзинады æвдисæндар кæмæндæр самал кæнын.
Хъуыддаг йæ бынатæй базмæлд, Æппæтуæрæсеон адæмон фронтмæ сæ курдиат куы бахастой, уæд. Адеты Салам, Константин, Барис, Владимир æмæ Таймуразы хиуæтæ сæ зæрдæ ницæуыл уал дарддой, фæлæ фарста алыг кодтой Адæмон фронты активисттæ проект «Хъæбатырты уынджы» фæрцы.
Адæмон фронты проекты фарс рахæцыдис Президент Владимир Путин дæр. Хъæппæрис æм фæхæццæ кодта регионалон штабы æмсæрдар Роман Кудренко, акци «Мы вместе»-йы уæнгты фембæлды рæстæг. Ныртæккæ уынгтæн Фыдыбæстæйы стыр хæсты хъæбатырты нæмттæ дæттыны фæтк зынгæ фенцондæр уыдзæнис.
Роман Кудренкойы хъуыдымæ гæсгæ, хъæбатырты нæмттæ хъæуы дæттын, ног микрорайонты цы уынгтæ ис, уыдонæн. Ныртæккæ цæуы хъæуты æмæ горæтты ахадгæ рæзт. Зæгъæм, Джызæлы, Адеты æфсымæрты уынджы нырма ницавæр куыстуæттæ ис. Фæлæ дзы федералон программæмæ гæсгæ, фидæны сараздзысты æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ. Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ Президент муниципалитеттæн бабар кодта, цæмæй уынгтæн хъæбатырты нæмтæ дæттыны фæтк сæхæдæг фæрогдæр кæной.
Хъæбатырты Уынг хуымæтæг проект нæу. Йæ нысан у хæстонты нæмттæ сæнусон кæнын æмæ сæ рæзгæ фæлтæрæн рох кæнын ма бауадзын. Ныртæккæ æхсæнадон активистты æмæ муниципалитетты минæвæртты иумæйаг куыст зынгæ фæрогдæр уыдзæнис. Уый та дзурæг ууыл, æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты нæмттæ зæлдзысты арæхдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania