филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
11 марта 2021, 12:33
Гуырдзыбеты Блашка кæм царди, уыцы хæдзар республикæйы исбонадмæ раттыны уынаффæ

Бæстыхайы уыдзæн поэты хæдзар-музей

Цæгат Ирыстоны Хицауад сфидар кодта, Гуырдзыбеты Блашка кæм царди, уыцы хæдзар республикæйы исбонадмæ раттыны уынаффæ. Бæстыхайы уыдзæн поэты хæдзар-музей. Рацарæзты фæлгæты фæнд кæнынц сцалцæг кæнын, фыссæг цы хæдзары райгуырд æмæ цард, уый. Уыимæ йæ алфамбылайы ныссаддзысты бæлæстæ, скæндзысты дзы парк. Хъæуы цæрджытæн æмæ уазджытæн суыдзæн фæлладуадзæн бынат. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ арæзтад Мæздæджы Ново-Осетинскы кæй фæзынд 19-æм æнусы. Фарон, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй, хæдзар бантыст балхæнын йæ хицауæй. Гуырдзыбеты Блашка фыста дыгуронау. Нымад у фыццаг дыгурон поэтыл æмæ дыгурон литературæйы бындурæвæрæгыл. Республикæйы архивон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Блашкайы æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд мыхуыры рацыд 1903-æм азы. Хъыгагæн, репрессийы рæстæг, йæ куыстытæй бирæтæ фесæфтысты. Баззадысты, канд йæхи рæстæг цы æрмæджытæ рацыдысты, уыдон. Уый 20 æмдзæвгæйы, пьесæ æмæ поэмæ. Гуырдзыбеты Блашкайы цард уыд цыбыр, фæлæ ирд. Фæмард уырыссаг-япойнаг хæсты 37 аздзыдæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania