филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:47 воскресенье, 01 февраля 2026
12 марта 2021, 12:23
Елхоты бирæвæрсыг колледжы æнтыстджынæй байгом зайæгойгты куыстгæнæг факультет

Уыцы мгъуыдмæ йæ абитуриенттæ тынг бауарзстой

Фидæны – экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци зайын кæнын. Ахæм фæндон республикæйы агрономтæн фехъусын кодта Битарты Вячеслав. Уымæ гæсгæ афæдзы размæ Елхоты бирæвæрсыг колледжы æнтыстджынæй байгом зайæгойгты куыстгæнæг факультет. Цæуыл дзы ахуыр кæнынц фæсивæды, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы раст рæнхъыты цæттæ кæны пъæмидорты тыллæг. Халсартæм бæстон цæстдарынц дыккæгæм курсы студенттæ. Бицъоты Георгий зайæгойты факультет хуымæтæджы нæ равзæрста. Йæхи ныхæстæм гæсгæ ацы дæсныйад ныртæккæ у тынг ахадгæ. Фæнды йæ экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци зайын кæнын. Колледжы та йын уый тыххæй дæттынц æмбæлгæ зонындзинæдтæ. Фæлæ лæппу фæнд кæны йæ ахуыр адарддæр кæнын.

Ахæм практикон ахуыртæ студенттæм вæййынц къуыри иу хатт. Цалынмæ уазал у, уæдмæ хъармуаты температурæ та у 38 градусы. Сæ фарсмæ цæттæ кæнынц джитритæ. 3 мæйы фæстæ сисдзысты тыллæг.

Ахуырадон процесс канд быдырты нæ фæцæуы, фæлæ аудиториты дæр. Уым райсынц теорион зонындзинæдтæ, æмæ сæ сфидар кæнынц практикæйы. Уый та сын вæййы хуыздæр хъæууонхæдзарадон куыстуæтты уалдзæджы æмæ фæззæджы. Зайæгойтимæ кусæг дæсныйад Елхоты бирæвæрсыг колледжы фæзынди афæдзы размæ. Уыцы мгъуыдмæ йæ абитуриенттæ тынг бауарзстой.

Хъæрмуæтты фарсмæ бындур æвæрд æрцыд дыргъдонæн. 3 азы фæстæ та ам фадат уыдзæн фæткъуыты, кæрдоты æмæ чылауиты фыццаг тыллæг сисынæн. Афтæмæй фидæны агрономтæ аххæсдзысты бирæ къабæзтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania