филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
16 марта 2021, 13:22
Маршрутон такситы шофыртæ фембæлдысты, бизнес æмæ транспорты куыстмæ йæ цæст чи дары, ахæм ведомствоты минæвæрттимæ

Фембæлды рæстæг экспрерттæ шофыртæн радзырдтой, цавæр æххуысы мадзæлттæ æмæ льготæтæй у сæ бон пайда кæнын, уый тыххæй

Дзæуджыхъæуы маршрутон такситы шофыртæ фембæлдысты, бизнес æмæ транспорты куыстмæ йæ цæст чи дары, ахæм ведомствоты æмæ фондты минæвæрттимæ. Фембæлды рæстæг экспрерттæ шофыртæн радзырдтой, цавæр æххуысы мадзæлттæ æмæ льготæтæй у сæ бон пайда кæнын, уый тыххæй. Байхъуыстой сын сæхи хъуыдытæм дæр. Сæ фарстатæ фылдæр баст сты, фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кæны, уыимæ. Хатгай закъоны домæнтæ æххæст кæнгæйæ, ома хъалонты æмæ фæллойадон политикæйы къабазы, маршрутыл кусгæйæ цы æхца бакусынц, уыдон не сфаг вæййынц. Уыимæ шофыртæ разы не сты сæ фæллойы уавæртæй дæр. Кæронбæттæн æрлæууæнтæй æмæ фæллад уадзынæн бынæттæй дæр. Ацы æмæ æндæр фарстатæ хаст æрцыдысты сæрмагонд резолюцимæ. Уый та рæхджы æркæсынмæ барвитдзысты республикæйы Сæргълæууæгмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania