филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
17 марта 2021, 13:34
Республикæйы райдыдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæлæскæныны рагагъоммæйы мадзал

Регионалон организацион комитеты фыццаг æмбырды фехъусын кодтой документтæ исыны райдианы тыххæй

Республикæйы райдыдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы  хъæлæскæныны рагагъоммæйы мадзал. Регионалон организацион комитеты фыццаг æмбырды фехъусын кодтой документтæ исыны райдианы тыххæй. Документтæ исыны процедурæ ахæццæ уыдзæн апрелы кæронмæ. Рагагъоммæйы хъæлæскæныны мадзал ацæудзæн 24-æй 30-æм маймæ. Хъæлæс кæныны бар уыдзæни, регистрацигонд чи у, уыцы æвзарджытæ се ппæтæн дæр. Регионалон организацион комитеты хыгъдмæ парти «Иугонд Уæрæсейы» уæнгтимæ иумæ хаст æрцыдысты æхсæнадон кусджытæ, волонтертæ, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Уыдоны сæ цæст дардзысты рагагъоммæйы хъæлæскæныны процедурæмæ, цæмæй дзы закъонхæлдтытæ ма æрцæуа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania