19 марта 2021, 13:04
Нациты фарстаты министрад бадзырд бафыста ЦИПУ-йы æмæ æхсæнадон барадхъахъхъæнæг центримæ
Бадзырды амынд ис фæсивæды хсæн экстремизмы æмæ терроризмы профилактикæйы иумæйаг куыст
Æртæвæрсыг бадзырд. Нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад æмгуыстады бадзырд бафыста Цæгат Ирыстоны университетимæ æмæ æхсæнадон барадхъахъхъæнæг центримæ. Бадзырды амынд ис фæсивæды хсæн экстремизмы æмæ терроризмы профилактикæйы иумæйаг куыст. Бакуыстой нациты хсæн ахастдзинæдтæ фидар кæныны мадзæлттыл, стæй барадон культурæйы æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Абон уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр кæны 14 паддзахадæй 240 фæсарæйнаг студенты, сæ фылдæр сты хæдбар паддзахадты æмхæларады минæвæрттæ.