филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
23 марта 2021, 12:52
Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы рухс ном

Сгарæджы цырты цур æрбамбырд сты йæ хæстæджытæ, æмкусджытæ, ветеранты Советы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ

Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр  Андрей Днепровскийы рухс ном. Сгарæджы цырты цур æрбамбырд сты  йæ хæстæджытæ, æмкусджытæ, ветеранты Советы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ. Дзæуджыхъæумæ, сæ хæлары ном ссарынмæ æрбацыдысты Андрейы зонгæтæ Бæстæйы алы регионтæй дæр. Андрей Днепровский архайдта  Цæцæны  республикæйы контртеррористон операцийы. 1995-æм  азы февралы йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ Грознайы фыдгæнджыты æрбабырсты рæстæг фервæзын кодта дыууæ флоты службæгæнæджы. Мæйы фæста та йæ сгарæг къорд бацахста Гойтен-Корты бæрзæнд æмæ сæдас кодта боевикттæй бынат.  Цыбыр рæстæгмæ бацархайдтой бæрзæндмæ бацæуæнтæ сæдас кæныныл. Андрей Днепровский хъæбатырæй фæмард фыдгæнджыты радон æмбæхсæн бынатмæ бацæугæйæ. Йæ мæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыд Уæрæсейы хъæбатыры стъалыйæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania