филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
24 марта 2021, 13:53
Æрæфы районы цыппар бинонтæн радтой цæрæнуæттæн сертификаттæ

Фæстаг рæстæг паддзахадон программæты фæрцы адæмы æнцондзинадæн цы хорздзинæдтæ конд цæуы, уыдон чысыл не сты

Фæстаг рæстæг паддзахадон программæты фæрцы адæмы æнцондзинадæн цы хорздзинæдтæ конд цæуы, уыдон чысыл не сты. Се хсæн, цалдæр азы дæргъы æрыгон бинонты уавæртæ цы программæйы фæрцы æнцондæр конд цæуынц, уый. Йæ фæлгæты та Æрæфы районы цыппар бинонты баууæндыдысты – ныхæстæ хъуыддæгтæм кæй рацæуынц, ууыл. Радтой сын сæ сертификаттæ. Кадджын мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр, ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Æнхъæлцау нæ уæгæ кæны. Афтæ бирæсывæллонджын Хъуылымбегты бинонтæ дæр. Сæ зæрдæ бадардтой æрыгон бинонтæн сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæныны программæйыл, æмæ нæ фæфыдæнхъæл сты. Цыбыр рæстæгмæ сæ бæллиц сæ къухы бафтыд. Æрæфы районы администрацийы сæрдар Лагкуыты Омар, кадджын уавæры, Хъуылымбегты Алетæ æмæ ма æртæ бирæсывæллонджын æрыгон бинонты мадæлтыл сæмбæлын кодта сæ сертификаттæ.

Хъуылымбегты Алетæ кæд ацы программæйыл афтæ тынг йæ зæрдæ нæ дардта, уæддæр ыл кæй баууæндыд, уый йын æхсызгон у. Алетæн йæ цардæмбал йæ цардæй рахицæн æмæ иунæгæй хæссы фондз сывæллоны, æмæ йын æцы паддзахадон æххуыс тынг хъæугæ у.

Тынг зæрдиагæй куыст цæуы ацы программæйыл Æрæфы районы. Лæмбынæг кæсынц рады лæуджытæм æмæ сын агурынц гæнæнтæ сæ хъуддаг тагъддæр сæххæст кæныныл.

Лагкуты Омары ныхæстæм гæсгæ ацы программæйы архайджытæн сæ гæххæттæ бацæттæ кæнынмæ алкæддæр цæттæ сты администрацийы.

Кадджы мадзал барайдзаст кæныныл бакуыстой районы туризмы, социалон – экономикон райрæзты сæйраг специалисттæ Мамсыраты Заремæ æмæ Малиты Эльзæ. Цыппар æрыгон бинонтæн дæр сæ сертификаттимæ ма радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Æмæ та зæгъын æмбæлы Паддзахадон æххуысы фæрцы Æрæфы районы цыппар æрыгон бинонты уавæртæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, æмæ сæ ныфс кæй фæфидардæр уыдзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania