филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
24 марта 2021, 14:00
Дыргъцæхæрадæтты æмбалад «Хурзæрин» горæтмæ хауы, фæлæ йæ уавæртæм ничи бахæлæг кæндзæнис

Нæ сын фаг кæны электрон тых, нæ сæм хæццæ кæны нуазыны дон, сæ фæндæгтыл та къæвдабон æнцонæй нæ рауайдзынæ

Цæхæрадæтты æмбаладты цæрджытæ рагæй-æрæгмæ къуылымпыдзинæдтæ æййафынц сæ бацæуæнтæ æвзæр кæй сты, уымæй. Нæ сæм такситæ фæкомынц цæуын, нæ сæм куыд æмбæлы, афтæ маршруткæтæ цæуынц. Уый иу, фæлæ хицæн ныхасы аккаг у, цы сывæллæттæ дзы цæрынц, уыдоны скъоламæ кæй нæ фæуадзынц, уый. Ома, уæ къахыдарæс чъизи у, зæгъгæ. Фæндæгты уавæр бирæ азтæ сæ бон сраст кæнын нæу. Курдиæттæ æрвитынц алы дзуапдæттæг куыстуæттæм, фæлæ уавæр хуыздæр нæ кæны. Бæлвырддæр – Гуытъиаты Алинæ.

Дыргъцæхæрадæтты æмбалад «Хурзæрин» горæтмæ хауы, фæлæ йæ уавæртæм ничи бахæлæг кæндзæнис. Нæ сын фаг кæны электрон тых, нæ сæм хæццæ кæны нуазыны дон, сæ фæндæгтыл та къæвдабон æнцонæй нæ рауайдзынæ. Цæрджыты бахъæуы раст цъыфты лæгæрдын. Гуызыттаты Маринæ æмбалады цæры 2017 азæй фæстæмæ. Фæлæ уый æнхъæл никуы уыдис æмæ уыйбæрц цæлхдуртимæ кæй сæмбæлдзæн. «Хурзæрины» чи цæры æмæ зæххы хæйттæ кæмæн ис, уыдон æрвылаз фидынц фиддонтæ. Уыцы æхцатæй хъуамæ цалцæггонд цæуой фæндæгтæ.

Фæлæ «Хурзæрины» сæрдар Томайты Шамил уыцы ныхæстимæ разы нæу. Куыд зæгъы, афтæмæй маршруткæты шофыртæ уынгты цæуын нæ комынц, сæ лæггæдтæй сын чи пайда кæнид, ахæм бæлццæттæ кæй нæ вæййы, æрмæстдæр уый тыххæй.

Хурзæрины цæрджытыл сбадт цæллофанæй конд адæмы ном. Фæлæ сыл худæн нæй — фæндаджы сæрты сæ бон æнæ бахиллæтæй кæнæ цæллофан голджытæй ацæуын нæу. Хаттæн вæййы æмæ сывæллæтты скъоламæ нæ бауадзынц, сæ къахыдарæс цъыфæйдзаг кæй вæййы, уый тыххæй.

Дыргъцæхæрадæтты æмбалады сæрдар Томайты Шамил куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз фæндæгтæ сцалцæг кæнынæн бавæрдтой сæдæ цыппор мин сомы. Фæлæ уый фаг кæны æрмæстдæр фæндаджы уавæрмæ зилынмæ. Шамил куыд зæгъы, афтæмæй йæ бæргæ фæндид ног фæндаг саразын, фæлæ æмбаладмæ уыбæрц æхца нæй.

Æрвылазон фиддонтæ фидынц æмбалад «Ирыстоны» цæрджытæ дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын горæты разамынд не ххуыс кæны æмæ сæ риссаг фарстатæ лыг кæнынц сæхæдæг. Дыууадæс азы размæ Централон уынджы цæрджытæ сæ фæндаг сцалцæг кодтой сæхи тыхтæй. Фæлæ дзы дондзæуæн къанæуттæ арæзт кæй не рцыдис, уый тыххæй фæндаг æрцыд заууат уавæрмæ.

Горæты Администрацийы хардзæй æмбаладæн радтынц хуыр. Уымæй бампъузынц фæндаджы дзыхъхъытæ. Фæлæ уыцы мадзал бирæйы фаг не свæййы.

Ныртæккæ дыргъцæхæрадæтты æмбалад Ирыстонмæ ис бацæуæн Гадийы фырты уынджы, Къостайы æмæ Доваторы проспектты уылты. Фæлæ уыцы уаццагтæ фæндæгтæ рахонæн нæй. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бынатмæ таксисттæ дæр нæ фæкомынц. Фæндаг кæд сцалцæг кæндзысты — фæрсынц цæрджытæ. Фæлæ хъыгагæн уыцы фарстæн дзуапп нырма нæма ис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania