филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
25 марта 2021, 13:42
Радон бæрæггæнæн куыст расидтысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ

Ацы хатт бабæрæг кодтой Беслæны рæвдауæндæттæ, æмæ федтой, сабитæн цы уавæртæ арæзт æрцыд, уый. æхсæнадон кусджытæ фиппаинæгтæ æрхастой цалдæр хъуыддагмæ

Радон бæрæггæнæн куыст расидтысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ. Ацы хатт бабæрæг кодтой Беслæны рæвдауæндæттæ, æмæ федтой, сабитæн цы уавæртæ арæзт æрцыд, уый. æхсæнадон кусджытæ фиппаинæгтæ æрхастой цалдæр хъуыддагмæ. Æмтгæй райсгæйæ та сæ кусæг бæлцы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Сабиты мидбылхудт алкæд сæ царды хорз уавæртыл дзурæг нæ вæййы. Беслæны сывæллæтты дыккæгæм рæвдауæндоны гæнæнтæ, кæд сæ сабитæ хъæлдзæг сты уæддæр, афтæ бæллиццаг не сты. Райдай сæ кæрты цы хъазæн фæз ис, уымæй. Цы хъеллаугæнæнтæ дзы ис, уыдоны уавæр тæссаг у сывæллæтты æнæниздзинадæн. Бæрæг нæу кæцы рæстæг асæтдзысты, уый æмæ уый та адæмон фронты минæвæрттæм æвзæрын кæны тасдзинад.

Уæдæ рæвдауæндоны æддаг бакаст дæр, райдзастдæртæй нæу. 55 азы дзы бындурон цалцæггонд нæ уыд. Йæ бындур згъæлы, æмæ æмбийы дон æм кæй хæццæ кæны, уымæй .

Мидæггаг къултæн та ахуырст дæр нал æххуыс кæны. Пъолтæ тасынц, ленолиум та къæрттытæ кæны. Зæгъын æмбæлы, æппæт уыцы хъуыддæгтæ хъуынайы аххосæй кæй сты, уый.

2019 азы рæвдауæндоны сарæзтой уæлæмхасæн бæстыхай. Ай ай дæр ног агъуыст, йæ нырыккон гæнæнтимæ бынтон æндæрхуызон у, 55 азы кæуыл цæуы, уый арæзтады цур.

Рæвдауæндоны уæвæртæ рагæй зонгæ сты районы ахуырады управленийæн. Сцалцæг кæнынмæ йæ хъавынц сæрды, администрацийы гæнæнтæ сæ куы нæ бахъыгдарой уæд.

Хуыздæр уавæртæ ис 11-æм рæвдауæндоны. Уый дæр йæ сарæзтæй цалцæггонд нæ уыд, фæлæ ма дзы архайын æмбæлы. Адæмон фронты минæвæрттæ фиппаинæгтæ æрхастой канд хъазæн фæзы уавæрмæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ беседкæты сæртæн тæссаг у æрызгъæлынæй.

Ацы рæвдауæндоны дæр арæзт æрцыд уæлæмхасæн бæстыхай, архайынц дзы кæстæр кары сабитимæ. Ног арæзтадимæ ма йæ цуры конд æрцыд, сывæллæттæн æдас уавæртимæ, стыр хъазæн бынат.

Адæмон фронты минæврттæ сæ радон рейды хатдзæгтæ бадæтдзысты районы администрацимæ, уыдон та хъуамæ бакусой рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ хъомылгæнджыты æдасдзинадæн амæлттæ ссарыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania