филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
30 марта 2021, 12:15
Республикæйы хæрзаудæн организаци «Номарæн» сарæзта йæ разамынды æмбырд

Хаст æрцыд уынаффæ, дзуапдæттæн-æвзарæн конференци саразын, æмæ дзы ног сæрдары равзарыны тыххæй

Республикæйы хæрзаудæн организаци «Пенсиисджыты ассоциаци æмæ политикон репресситы амæттæгты «Номарæн»» сарæзта йæ разамынды æмбырд. Организацийæн бындур æвæрд куы рцыд, уæдæй фæстæмæ йын разамынд лæвæрдта Зураты Ауызби. Уыд Ирыстоны Намысы майданы хицау. Уымæ гæсгæ æмбырды ныхас цыд, Ауызби йæ царды цы 6 чиныджы ныффыста, уыдон нымæцон хуызмæ раивыныл. Чингуытæ иууылдæр баст сты репресситы азтимæ. Организацийы разамынды уæнгтæ стыр аргъ скодтой йæ архайдæн. Хаст æрцыд уынаффæ, дзуапдæттæн-æвзарæн конференци саразын, æмæ дзы ног сæрдары равзарыны тыххæй. Æмхъæлæсæй равзæрстой Зураты Аркадийы кандидатурæ. Фидæны та Ассоциаци нысан кæны æнгомдæр æмгуыстадыл архайын республикæйы Парламентимæ, нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрадимæ, политикон репресситы амæттæгты къамисимæ æмæ æндæр бæрнон ведомствотимæ æмæ организацитимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania