филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
31 марта 2021, 13:22
Павленкойы уынджы цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй

Кæуыл нæ барайдзынæ, ахæм сыхæгтæ. Дзæуджыхъæуы Павленкойы уынджы цæрджытæ ныр цасдæр рæстæг тыхсынц уарынты донæй, бырæттæй æмæ чъизийæ. Фæзынынц сæм, куыддæр тæрккъæвдатæ æрцæуынц, уæд. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ сæ хæдзæрттæ сты фыццæгæм скъолайæ дæлдæр æвæрд. Се хсæн та хъахъхъæнæн къултæ нæй. Æрмæст уый у сæвзæрд уавæры аххосаг, æви нæ? Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Ацы бынаты сæрмагонд рельеф тæссагыл нымайынц Еналдыты бинонтæ. Бæлвырддæр та тæссаг у сæ хæдзарæн. Рæстæг куыд амоны, афтæмæй Дзæуджыхъæуы фыццæгæм скъола, ныр та ма Алайнаг гимназ æрбынат сты къуыбырыл. Еналдыты хæдзар та, стæй ма Павленкойы уынджы цалдæр хæдзары æвæрд сты зынгæ бындæр. Валентинæ нын равдыста, сæ хæдзарæй къардиу куыд зыны, уый. Æмæ уымæн дæр бафæразæн ис, фæлæ 3 азы размæ уавæр аивта æвзæрырдæм. Тыхджын уарынты рæстæг ламидæттæй дарддæр йæ цæхæрадон байдзаг хуымæтæг бырæттæй.

Сылгоймаг цæры иунæгæй, цæуы йыл 83 азы. Фæлæ азтæ нæ хынцгæйæ, ссардта хъарутæ ацы уавæр равзарынæн. Йæ хъаст бахаста Дзæуджыхъæуы администрацимæ, фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг цæгатирыстойнаг Управленимæ, ахуырады министрадмæ. Уымæй дарддæр йæхимæ рбахуыдта санитарон-эпидемиологон станцæйы специалистты, æмæ ма æрзылди алы бæрнон ведомствотыл дæр. Уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рацыд, къул та, раздæрау, у тæссаг. Алы уаргæ бон дæр сын куыд радон фæлварæн. Шиферæй быру дон ахаста. Уымæй дарддæр ма дон бакæлы кæртмæ, пъадвалмæ æмæ цæхæрадонмæ.

Ахуыргæнæдоны зæгъынц, уыдоны дæр кæй фæнды фарста алыг кæнын. Шиферæй быру ныккалды цалдæр мæйы размæ. Ацы ран æдас нæу. Уаццаг хъавыдысты бафидар кæнынмæ – суанг ма дзы бæлæстæ дæр ныссагътой. Уымæн æмæ ис ахæм хъуыды, ома бæлæсты уидæгты системæйæн йæ бон у зæхх ныффидар кæнын. Фæлæ сын ацы хъуыддаг дæр ницы баххуыс кодта.

Тæссаг у иннæ рæттæн дæр. Алайнаг гимназы разамынд æххуысы курдиат арвыста горæты администрацимæ æмæ Ирыстойнаг префектурæмæ. Ам зæгъынц, къул бафидар кæнынæй дарддæр ма хъæуы, уырынты дон кæдæм кæлы, уыцы бынæттæм базилын. Уымæн æмæ уаццаг у зылын, æмæ донæн хъæуы ракæлæнтæ сбæлвырд кæнын.

Дзæуджыхъæуы администрацийы зæрдæ бавæрдтой, фарста, æнæмæнг, лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй.

Къул кæд сфидар кæндзысты, уый горæты разамынд бæлвырд нæма зæгъынц. Раздæр уал хъæуы фарстайы æппæт лыстæг хъуыддæгтæ раиртасын, æмæ сæ алыг кæнынæн мадзæлттæ ссарын. Бынæттон цæрджытæн та æндæр гæнæн нæй, æмæ сæ зæрдæ дарынц, хæстæгдæр рæстæг уавæр хуыздæрырдæм кæй авидзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania