филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
13 апреля 2021, 12:29
Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой, фашистты концлагерьтæй ахст адæмы суæгъд кæныны бон

Номарæн акци, традицимæ гæсгæ, арæзт æрцыд Холокосты хъæбатыр Александр Печерскийы номыл мемориалон музейы бындурыл

Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой, фашистты концлагерьтæй ахст адæмы суæгъд кæныны бон. Номарæн акци, традицимæ гæсгæ, арæзт æрцыд Холокосты хъæбатыр Александр Печерскийы номыл мемориалон музейы бындурыл. Акцийы архайджытæ, дзуттаг æхсæнад «Шолом»-ы уæнгтæ, æрымысыдысты æфсæддон рæстæджы трагикон цаутæ, радзырдтой сæ хæстæджыты хъысмæты тыххæй, бакастысты тематикон кинонывмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 76 азы размæ нацистон Германийы куыста 14 000 концлагеры. Уыцы, мæлæты лагерьтæ кæй хуыдтой, уыдоныл рацыд 20 милуан адæймагмæ хæстæг. Сæ фылдæры амардтой фашисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania