филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 28 сентября 2024
13 апреля 2021, 13:10
Республикæйы клиникон рынчындоны дохтыртæ радон хатт равдыстой сæ фæлтæрддзинад æмæ сæ дæсныйады æмвæза

Ивгъуыд азы кæрон Гусаты Азæмтæ бахауд фæндаггон фыдбылызы

Республикæйы клиникон рынчындоны дохтыртæ радон хатт равдыстой сæ фæлтæрддзинад æмæ сæ дæсныйады æмвæзад. Аирвæзын кодтой 17-аздзыд лæппуæйы. Ивгъуыд азы кæрон Гусаты Азæмтæ бахауд фæндаггон фыдбылызы. Фæци алыхуызон уæззау цæфтæ. Æрæджы дæр ма уыди комæйы, йæ зæрдæ кæй ныллæууыди, уый тыххæй. Уæдæ йæ цардæн дæр уыди тæссаг. Куыд бантыст лæппуйы цардмæ раздахын, уый тыххæй радзурдзæн Томайты Батраз.

17-аздзыд Гусаты Азæмæты фыццаг къахдзæфтæ реабилитацион хайады фæстæ. Зын бауырнæн у, фæлæ 3 мæйы размæ лæппу уыди комæйы, æмæ йын зæрдæ ницæмæй æвæрдтой.

28-æм декабры Азæмæт бахауди фæндаггон фыдбылызы. Тынгдæр хъыгдард баййæфта шофыры бынат. Фыдбылызы бынаты чи уыди, уыдон бадзырдтой тагъд æххуысы бригадмæ. Азæмæты хæстæджыты тынг фæндыд уыцы зæрдæхæлар адæмæн раарфæ кæнын. Уыдоны фæрцы бантыст æрыгон лæппуæйы аирвæзын кæнын. Реаниматологтæ, зæгъæн ис, æмæ Азæмæты раздæхтой цардмæ, кæд æмæ сæхæдæг афтæ нæ дзурынц, уæддæр.
Дыууæ къуырийы дæргъы Азæмæт уыди комæйы. Йæ зæрдæ йæ куыстæй æрлæууыди. Йæхимæ куы рцыди, уæд йæ мады дæр нал базыдта. Йæ мадæн та йæ йæ цæфтæй йæ бон базонын нал уыди. Хъуыддаг сæхимæ райстой нейрохирургтæ.
Азæмæт мидбылхудтимæ æрымысы – фыццаг хатт вертикализаторы куыд слæууыд, уый. Йæ сæр разылди æмæ бавзæр и. Фæлæ йын уæддæр бантыст рысты сæрты ахизын.
Азæмæты ма хъæуы даргъ реабилитаци ацæуын. Фæлæ, уый нæ хынцгæйæ йын бантыст сæйраг нысан сæххæст кæнын – йæ къæхтыл слæууын. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæлтæрдджын дохтырты æххуысæй.
Ацы бонты Гусаты Азæмæтыл сæххæст 18 азы. Æхсызгон уый у, æмæ лæппу йæ гуырæнбоныл сæмбæлд йæхи хæдзары.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania