филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
15 апреля 2021, 13:48
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Æрбацыд 12 адæймаджы

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Цæгат Ирыстоны, Бæстæйы президент Владимир Путины исæнуатмæ æххуысагур æрбацыд 12 адæймаджы. Сæ фылдæры хъуыди материалон æххуыс. Бæлвырддæр та – æнæниздзинад сдзæбæх кæнын æмæ цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн фæрæзтæ радих кæнын. Алы адæймаджы уавæрыл дæр Сергей Меняйло лæвæрдта хæслæвæрдтæ, цæмæй йын йæ хъуыддагмæ лæмбынæг æркæсой, уыимæ сæрмагонд æмгъуыдмæ. Республикæйы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг фылдæр æргом здæхта паддзахадон программæты фарсхæстмæ, уыимæ, кæм бахъæуа уым та, спайда кæнын республикæйы сæргълæууæджы резервон фондæй. Иуæй-иу курдиæттæ та баст уыдысты æнæхъæн хъæуты фарстайаг хъуыддæгтимæ. Зæгъæм, Ногхъæу æмæ Цæлыккаты хъæуы тыхсынц уынгты рухс кæй нæй, уымæй. Алагирæй Цраумæ фæндаджы уаццагыл та нæй къахвæндæгтæ, Цыколайы та скæнинаг сты цалдæр уынджы фæндæгтæ. Ацы фарстаты тыххæй дæр Сергей Меняйло радта хæслæвæрдтæ районты сæргълæуджытæн, æмæ сын бахæс кодта, цæмæй базонгæ уой адæмы риссаг фарстатимæ бæстондæр, æмæ йæм фæхæццæ кæной сæ алыг кæныны хъуыдытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania