филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
20 апреля 2021, 13:47
Фыййагдоны цæугæдоны сæрты хид Дзуарыхъæуы бындуронæй сцалцæг кæндзысты ацы азы кæронмæ

Уыдзæн 4 метры уæрæхдæр раздæр чи уыди, уымæй

Фыййагдоны цæугæдоны сæрты хид Дзуарыхъæуы бындуронæй сцалцæг кæндзысты ацы азы кæронмæ. Уыдзæн 4 метры уæрæхдæр раздæр чи уыди, уымæй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ ног конструкцийæн йæ бон уыдзæн автотранспорты фылдæр уæз бауыромын. Цалцæггæнæн куыстытæ кæнгæйæ, хидаразджытæ сног кæндзысты æфсæнбетон цæджындзтæ æмæ бындур. Фæндæгтæ арæзæн Управлени «Кавказ»-ы разамынд куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма нысан кæнынц 110 метры дæргъы быцæугæнæн къултæ саразын. Уыдон хъæуынц, цæугæдонмæ бæстон цæстдарынмæ. Цæмæй ма чъизи кæна, уый тыххæй та сæвæрдзысты дондзæуæн системæтæ æмæ дон сыгъдæггæнæнтæ. Цалынмæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц, уæдмæ йæ фæрсты цæуг хидыл цæуæн ис дыууæрдæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania