филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 суббота, 28 сентября 2024
20 апреля 2021, 13:58
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарбийы хъæппæрисæй арæзт æрцыди Уæлахизы Парк

Ветеран йæхæдæг йæ царды бирæ зындзинæдтæ бавзæрста

Зæрдыл дарын, æмæ фæлтæртæн рох кæнын ма бауадзын. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты нæмттæ æнустæм цæрдзысты, йæ рагуырæн бæстæ зæрдæйæ чи уарзы, ахæм адæмты фæрцы. Дур-Дуры Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарбийы хъæппæрисæй арæзт æрцыди Уæлахизы Парк. Ветеран йæхæдæг йæ царды бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Сыздæхт тохы быдырæй æмæ архайы фæлтæртæн патриотон æууæлтæ бауарзын кæныныл. Йе мхæстонтæй бирæтæ баззадысты хæсты быдыры. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарби хорз хъуыды кæны, 1967-æм азы ацы цыртдзæвæн Дур-Дурмæ куыд æрбаластой, уый. Уæд æм сæвзæрд аллейæ скæныны бæллиц… Ныр ацы бынат у, Дур-Дурæй райгуырæн бæстæйы сæраппонд фронтмæ чи ацыд, æмæ чи нал сыздæхт, уыдоны номыл комплекс. Рæстæджы цыдимæ монументы æддаг цъар аскъуыдтæ, хъæбатырты нæмттимæ стелæйæ плиткæ дæр рахауд. Тыхджын дымгæйы аххосæй ахуыссыд æнусон арт дæр. Хъæумæ бацæуæны банкъарæн ис газы тæф. Мемориалмæ базилын æмæ йæ сног кæнын Цалиты Сафарбий йæхицæн нымайы фыццаградон нысаныл.

Мемориал арæзт æрцыди æнæном салдаты ингæныл. Хæстон цауты рæстæг фæци мæлатдзаг цæф, амарди Дур-Дуры хæдзæрттæй иуы. Цыртдзæвæнæн бындур æвæрд æрцыди уыцы салдаты кадæн, стæй ма сæ райгуырæн хъæумæ хæсты быдырæй чи нал сыздæхт, уыцы 367 хæстоны номыл. Æдæппæтæй Дур-Дурæй хæстмæ ацыди 753 адæймаджы. Уыдоны хсæн – 4 чызджытæ. Цæмæй хъæбатырты ном рох ма уа, æмæ сын фæлтæртæ се сгуыхтдзинæдтæ зоной, уый тыххæй Цалиты Сафарби æххуыс куры республикæйы разамындæй.

Цалиты Сафарби хæстмæ ацыди 42-мы. 19 аздзыд лæппуйæ архайдта Сталинграды тохы, тох кодта Курскы къæлæты дæр. Фæци уæззау цæф, фæлæ уæддæр тох кодта Украинаг фронты. Уæлахизыл сæмбæлд Австрийы. Хæсты фæстæ фронтовик сыздæхт йæ хæдзармæ, йæ райгуырæн хъæумæ. Цалиты Сафарби йæ размæ сæвæрдта хæс, стæй стыр бæллиц ноджыдæр ма иу номарæн бынат скæнын – Уæлахизы Парк. Уыцы хъуыддаг сырæзыд Цалиты Сафарбийы хъæппæрисæй. Парчы арæзтадæн финансон æххуыс бакодтой республикæйы политикон æмæ æхсæнадон архайджытæ. Ныртæккæ дзы аразынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл æртыккаг стенд. Ам уыдзысты инæлар Дмитрий Карбышев æмæ Советон Цæдисы хъæбатыр Зоя Космодемьянскийы портреттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania