филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 суббота, 28 сентября 2024
20 апреля 2021, 14:12
Хатдзæгтæгæнæн ерыстæ ирон чъиритæ фыцынæй арæзт æрцыдысты нæ республикæйы

Хуыздæр хæринаггæнджыты ном райсыныл архайдтой 20 адæймаджы нæ регионы алы рæттæй

Хатдзæгтæгæнæн ерыстæ ирон чъиритæ фыцынæй арæзт æрцыдысты нæ республикæйы. Хуыздæр хæринаггæнджыты ном райсыныл архайдтой 20 адæймаджы нæ регионы алы рæттæй. Цæттæ хойрагæн аргъ кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ. Уыдон кастысты цалдæр ахсджиаг хъуыддагмæ: æддаг бакастмæ, хыссæйы æмæ цыхты хæрзхъæддзинадмæ. Куыд рауадысты кулинарон ерыстæ, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Йæ фыццаг чъири Семен Катаев скодта, аст азы йыл куы цыдис, уæд, йæ мады хойы æххуысæй. Ныртæккæ та цыппæрдæсаздзыд лæппу Екатеринбургæй тынг сæрæнæй фыцы чъириты алы хуызтæ. Йæ дæсныдзинад фæлвары æрыгон профессионалты национ чемпионаты. Мадзалы архайы фыццаг хатт æмæ куыд зæгъы, афтæмæй цæттæ у ерыстæм.

Чъиритæ фыцгæйæ кæсынц алцæмæ дæр — æдасдзинады техникæ куыд æххæстгонд цæуы, хъацæнты хæрзхъæддзинадмæ, кусæн бынаты сыгъдæгдзинадмæ æмæ афтæ дарддæр. Алы архайæгмæ дæр ис иухуызон хъацæнтæ, фæлæ алкæмæ дæр ис чъири скæныны йæхи сусæгдзинæдтæ. Сæ цалдæрæй немæ фæхай кодта.

Ирон чъиритæ фыцыны компетенцийы ацы аз ерыс кæнынц æстдæс адæймаджы алы регионтæй. Семæ куыд æрыгæттæ, афтæ хистæр кары адæм дæр. Æмæ кæд се сконд чъиритæ æддаг бакастæй нæ хицæн кæнынц, уæддæр сæ ад у алыхуызон. Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уæлдай хицæн кæнынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæртты конд хойраг.

Цалынмæ чъирийæ эксперттæ саходынц, уæдмæ ацæуы цалдæр къæпхæны. Сбарынц ын йæ тæвд, банымайынц ын йæ уæз æмæ йын аргъ скæнынц йе ддаг бакастæн. Чъирийы тæвд хъуамæ уа æвдай фондз градусы, уа хæрзвых, æмæ йæ æддаг бакасты хъуамæ ма уа аиппдзинæдтæ. Уыцы бæрæггæнæнтæм гæсгæ хъуамæ банымайой рæстæмбис балл.

Æрыгон хæринаггæнджытæ ерыс кæнынц æртæ боны дæргъы Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы. Алы бон дæр сæ размæ ис ног хæстæ — алыхуызон чъиритæ саразын. Аргъ сын кæнынц алы регионтæй дæсны специалисттæ. Цы баллтæ сæвæрдтой, уыдонмæ гæсгæ сбæрæг кæндзысты хуыздæр чъиритæ чи скодта, уыцы архайджыты. Схорзæхджын сæ кæндзысты майдантæй æмæ сертификаттæй.

Уæлахиздзауты сбæрæг кæндзысты 23 апрелы. Кадджын уавæры сæ хорзæхджын кæндзысты 23 апрелы Æрыдоны районы культурæйы галуаны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania