филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 суббота, 28 сентября 2024
22 апреля 2021, 13:15
12 адæймаджы та систы Уæрæсейы кадджын донортæ

Туг раттын æмæ афтæмæй адæймаджы цард аирвæзын кæнын

12 адæймаджы та систы Уæрæсейы кадджын донортæ. Туг раттын æмæ афтæмæй адæймаджы цард аирвæзын кæнын. Уыдон канд рæсугъд ныхæстæ не сты. Кадджын мадзал арæзт æрцыд доноры национ бонмæ. Уæвгæ та кадджын доноры ном раттынц, 40 хаттæй фылдæр туг, 60 хаттæй фылдæр та плазмæ чи ратты, ахæм адæм. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны ис 1400 доноры онг. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ сæ нымæц кæй рæзы. Нырыккон медицинæйæн æнæ донортæй йæ бон архайын нæу. Туджы æвæрæн рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы хъæздыгдæр кæнын. Уымæ гæсгæ алкæмæн дæр фадат ис анкетæ баххæст кæнынæн, терапевты æркаст скæнынæн, æмæ афтæмæй донорты рæнхъытæ баххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania