филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
22 апреля 2021, 13:31
Ирыстоны æхсæнадон кусæг, фыссæг æмæ поэт Цæголты Георгийы райгуырдыл æххæст кæны 150 азы

Йæ ном ын ссардтой Дигорайы сæйраг библиотекæйы

Ирыстоны æхсæнадон кусæг, фыссæг æмæ поэт Цæголты Георгийы райгуырдыл æххæст кæны 150 азы. Йæ ном ын ссардтой Дигорайы сæйраг библиотекæйы. Æрымысыдысты йын йе сфæлдыстад æмæ йæ царды хабæрттæ. Георгий бæллыд журналист суæвынмæ. Фыста, республикæйы зæххытæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй. Бæстондæр уый тыххæй фыста йæ историон-экономикон очерк «Край беспросветной нужды»-йы. Уымæй уæлдай ма йæ уацты дзырдта ирон адæмы уæззау царды тыххæй æнусты астæу. Æдзухдæр кодта иртасæн куыст. Æргом кодта политикон архайджыты æнæраст хъуыддæгтæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ уый тыххæй уæгъдгонд кæй æрцыд скъолайы куыстæй. Кодта 19-æм æнусы кæронæй 20-æм æнусы райдианы онг бюрократон хабæртты кой. Цæголты Георгий нудæсæм æнусы 80-йæм азты райдыдта йе рмæджытæ мыхуыр кæнын. Уæрæсейы сæйраг мыхуыры фæрæзты пайда кодта фæсномыгæй: «Макар Незаметный», «Незаметный», «Макар» æмæ «Оса».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania