филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
23 апреля 2021, 14:08
Дзæуджыхъæуы байгом кодтой Намысы Ордены æххæст кавалер Хъалаты Семены бюст

Йе фсæддон фæндаг райдыдта Калинины фронты

Дзæуджыхъæуы Намысы Мемориалы Хъæбатырты Аллеяйы арæзт æрцыд каджжын æмбырд. Байгом дзы кодтой Намысы Ордены æххæст кавалер Хъалаты Семены бюст. Йе фсæддон фæндаг райдыдта Калинины фронты. Уыд 46-æм гвардион дивизийы мысанæхсæг. Госпитæлæй куы æрыздæхт, уæд та ногæй æрлæууыд йæ полчы, фæлæ ротæйы комæндæгæнæгæй. Афтæмæй сæмбæлд уæлахизыл дæр. Хъалаты Семенæн йæ хæстон фæндаг фæци Кенигсбергы бын. 24-æм июны 1945-æм азы Прибалтийаг фронты 1-æм пъолчы хыгъды архайдта Уæлахизы Парады Мæскуыйы Сырх фæзы. Хъæбатыры бюст байгом кæныны кадджын æмбырды архайдтой йæ хæстæджытæ, республикæйы хицаудзинады оргæнтæ, дины кусджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй наукон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы кусджытæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Цыртдзæвæны автор у скульптор Деметы Ибрагим.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania