филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 суббота, 28 сентября 2024
27 апреля 2021, 14:47
Республикæйы цæрджытæн фадат ис хъæлæс кæныны фæрцы равзарынæн, сæ районы кæцы территори аивæй фенын фæнды, уый

Æрæфы районы хъæлæс кæныны хыгъдмæ хаст æрцыд 6 фæзуаты æмæ дзы æвзæрст хъуæма æрцæуа 3

30-æм маймæ нæ республикæйы цæрджытæн фадат ис онлайн хъæлæс кæныны фæрцы равзарынæн, сæ районы кæцы территори аивæй фенын фæнды, уый. Ныронг уыцы хъуыддаг конд цыд ахæм фæткмæ гæсгæ – ома кацы ран æдзæллагдæр уавæры уыд, ууыл архайд цыди. Æрæфы районы хъæлæс кæныны хыгъдмæ хаст æрцыд 6 фæзуаты æмæ дзы æвзæрст хъуæма æрцæуа 3.

Уавæртæ алкæд зæрдæмæдзæугæ нæ вæййынц, фæлæ сыл иумæйагæй бакуысты фæстæ та æнæфæхуыздæр уæвæн нæ вæййы. Афтæ Æрæфы районæй рацæуджытæ æрмæст паддзхадон æххуысмæ не нхъæлмæ кæсынц, фæлæ сæ фæрнджын хъæбулты фæрцы æнцондæргонд цæуынц сæ гæнæнтæ. Зæгъæм Хæзныдоны хъæуы Уаниты Хъазыбег бавнæлдта фæндæгты уавæр фæхуыздæр кæнынмæ. Паддзахадон æххуысæй уæлæмхасæн ма, йæхи хъарутæй хъæуы цæрджыты æнцондзинадæн аразы фæндæгтæ. Æмбæлы зæгъын алкæддæр йе мхъæуккæгты фарсмæ кæй æрбалæууы. Фæндæгтыл кусгæйæ та æнæ адæмы курдиатæй дæр нæ вæййы. Йæ фæрцы, Хæзныдоны цæрджытæ цин кæнынц æнцондзинад сын цы хид хæссы, уый срæвдз кæнынмæ сын кæй феххуыс кодта, ууыл дæр.
Уæвгæ, Уанийы фырт бирæ азты дæргъы йæхицæн хæсыл нымайы йæ райгуырæн хъæуы цæрджытæн, комуадзæны размæ, уæлмæрдмæ фæндаг бацалцæг кæнын, цæмæй уыцы цытджын бæрæгбоны адæм æнцонтæй цæуой сæ хиуæтты уæлмæрдтæм.

Куыд федтам, афтæмæй Æрæфы районы, канд равзæрст территоритыл бакусын нæ хъæуы, фæлæ ма бирæ хъуыддæгтæ ис хъæуы цæрæгæн ахсджиаг, хъæугæ чи сты се рвылбоны царды, ахæмтæ. Паддзахадон æххуысы фæрцы ма ныртæккæ, куыст цæуы районы æндæр хъæуты уынгтæ барæвдз кæныныл.

Фæстаг азты Æрæфы районы бирæ раппæлинаг хъуыддæгтæ конд æрцыд. Се *хсæн Уæлахизы парк. Фарон фесты фыццаг къæпхæны куыстытæ. Ныр та бавнæлдтой дарддæры рацарæзтмæ. Æрæфы районы Архитектурæйы хайады хицау Хъозиты Арсены ныхæстæм гæсгæ ацы аз хъуамæ æппæт куыстытæ дæр конд æрцæуой.

Æрæфы районы дарддæр цы бынæттæ аивгонд æрцæудзысты, паддзахадон æххуысы фæрцы, уый аразгæ у адæмæй. Æмæ ма фæзивæг кæнут уæ хъæлæстæ радтынмæ, уæлдайдæр та, уыцы бынæттæ цы хъæуты сты, уыдоны цæрджытæ. Нæ рæсугъд фидæн аразгæ у нæхицæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania