филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
27 апреля 2021, 14:55
Æппæтуæрæсеон акци «Уæлахизы тырысса хъахъхъæнæг» арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны

Фыццæгты хсæн дзы бацархайдтой Алагиры районы цæрджытæ

Æппæтуæрæсеон акци «Уæлахизы тырысса хъахъхъæнæг» арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны. Фыццæгты хсæн дзы бацархайдтой Алагиры районы цæрджытæ. Патриотон акцийы нысан у рæзгæ фæлтæрæн ивгъуыд æнусы 40-æм азты тугкалæн цаутæ ма ферох кæнын. Уæлахизы тырыса ныридæгæн ахастой Алагиры, Майрæмададжы æмæ Црауы скъоладзаутæ, æмæ сбæрæг, ацы кæстæртæ кæй ницы ферох кæндзысты, уый. Хæсты тыххæй зонынц æрмæст чингуытæй нæ, фæлæ сæ хистæрты мысинæгтæй дæр. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Цыппæрæм къласы ахуырдзау Дзерассæ иттæг хорз сæххæст кодта æфсæддон хъалагъуры хæстæ, фæлæ сæтты, фыццæгты йæ ныфс кæй нæ хаста, ууыл. Хъалагъуры æрлæууыны бар æм æрхаудта, ахуыры æмæ æхсæнадон царды раззагдæр кæй у, уый тыххæй. Дзерассæ Майрæмададжы скъолайы хуыздæр ахуырдзаутимæ архайдта акци «Уæлахизы тырысса хъахъхъæнæджы».

Кадджын хъалагъур сывæллæттæ хастой Суаргом хъахъхъæнджыты музейы. Ам традицион сырх хъуымацы бæсты ис, фондз æфсæддон-денджызон училищæйы курсанттæ цы тырыса хастой, уый. 1942 азы фæззæджы тырыса ссис æрыгон советон салдæтты хъæбатырдзинады æвдисæн. Уæд иу сырхæфсæддоны ныхмæ æрлæууыдысты дæс фашисты.

Плиты Дзерассæ ахуыр кæны дæсæм къласы. Ныййарæджы намысы залы æрлæууы алы къамы раз дæр. Уый хуымæтæджы нæу. Тынг бирæ уарзы Андрей Дементьевы æмдзæвгæ «Баллада о матери». Цал æмæ йæ цал хатты бакастис аив кæсджыты конкурсы. Алы хатт дæр чызг йæ цæссыг нæ бауромы.

Иу минут æдзæмæй алæууын, стæй та «Прощание славянки»-мæ байхъусын. Уæлахизы тырыса ныртæккæ ис Алагиры фæндзæм скъолайы æрыгон æфсæддонтæм. Фидар къахдзæфтæй Цъæхойты Сæрмæт æрлæууыд кадджын хъалагъуры. Лæппу куыд зæгъы, афтæмæй æфсымæрон ингæны раз кадджын вахтæ хæссын йæхицæн нымайы стыр кадыл.

Мадзал «Уæлахизы тырысса хъахъхъæнæджы» нысан у рæзгæ фæлтæрæн ивгъуыд æнусы цыппорæм азты тугкалæн цаутæ ма ферох кæнын. Фæлæ бæрæг у, ацы кæстæртæ кæй ницы ферох кæндзысты, уый. Хæсты тыххæй зонынц æрмæст чингуытæй нæ, фæлæ сæ хистæрты мысинæгтæй дæр.

Алагиры дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ акцийы бон сарæзтой сæхи «Æнæмæлгæ полк». Сабитæ кадджын цыды ацыдысты сæ хæстон фыдæлты къамтимæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытимæ уыдысты скъолайы фыццаг рауагъдонтæ дæр.

Скъолайы ис æфсæддон-патриотон къуым. Ам алкæй бон дæр у хæстæй сабырдзинадмæ фæндаг хи цæстæй фенын. Ацы фæрæзыл иумæ бакуыстой ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ.
Мадзал «Уæлахизы тырысса хъахъхъæнæджы» эстафетæ райстой Црауы скъолайы ахуырдзаутæ. Уыдон ахастой Сырх Тырыссайы хуызæг æмæ йын радзырдтой йæ истори. Црауæй хæстмæ чи ацыдис, уыдонæй сæдæ цыппорæй фæстæмæ нал раздæхтысты. Уыонимæ Уырымты цыппар æфсымæры дæр.

Мадзал «Уæлахизы тырыса хъахъхъæнæг» сарæзтой «Уæрæсейы æнæмæлгæ полчъы» регионалон хайады фæндонмæ гæсгæ. Акцийы архайыны бар ис нæ республикæйы скъолатæн сеппæтæн дæр. Мадзал ахæсдзæн 9 маймæ. Нырыккон скъоладзаутæн ис фадат сæ фыдæлты намысджын историмæ бандзæвын. Банкъарын нæ бæстæйы цæрджыты æнкъарæнтæ, 1945 азы 1 майы сырхæфсæддонтæ Берест, Егоров æмæ Кантария Уæлахизы тырысса Рейхстаджы сæрмæ куы æрсагътой, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania