филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
28 апреля 2021, 14:49
35 азы рацыд, Чернобылы атомон электростанцæйы фыдбылыз куы рцыд, уæдæй нырмæ

Куыд зонæм, афтæмæй Чернобылы фыдбылыз нымад у 20-æм æнусы æппæтæй егъаудæр техногенон бæллæхыл

Чернобылы историйæн рохгæнæн нæй. 35 азы рацыд, Чернобылы атомон электростанцæйы фыдбылыз куы рцыд, уæдæй нырмæ. Нæ бæстæйы историйы трагикон цаутæ æмæ техногенон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгæнджыты ном æрымысынмæ Уæлахизы Парчы сквермæ æрбацыдысты æхсæнадон организаци «Союз Чернобыль»-ы уæнгтæ, ветерантæ сæхæдæг, стæй сæ бинонты уæнгтæ. Куыд зонæм, афтæмæй Чернобылы фыдбылыз нымад у 20-æм æнусы æппæтæй егъаудæр техногенон бæллæхыл. Æрмæст Мæздæджы районæй фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ арвыстой 200 адæймагæй фылдæр. Се хсæн уыдысты бархионтæ дæр. Сæ фылдæр ныртæккæ, хъыгагæн, не хсæн нал сты. Се нæниздзинад бирæтæн зынгæ фæцудыдта, хæрзæрыгонæй баззадысты инвалидтæй. Минут æдзæмæй алæугæйæ, æмбырдмæ æрбацæуджытæ, æрымысыдысты радиацион фыдбылызты амæттæгты. Советскийы поселочы скъоладзаутæ стæй скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ та бацæттæ кодтой цыбыр концерт. Кæронбæттæны се ппæт æрбацæуджытæ дидинджытæ сæвæрдтой, ам сæрмагондæй 2 минæм азы цы цыртдзæвæн байгом кодтой, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania