филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
28 апреля 2021, 14:50
Мæздæджы районы цæрджытæ ма ацы бонты сарæзтой Æппæтуæрæсеон зиу

Районы центры æрæмбырд сты хицаудзинады оргæнты кусджытæ, æхсæнадон организациты æмæ партион хайады минæвæрттæ

Мæздæджы районы цæрджытæ ма ацы бонты сарæзтой Æппæтуæрæсеон зиу. Районы центры æрæмбырд сты хицаудзинады оргæнты кусджытæ, æхсæнадон организациты æмæ партион хайады минæвæрттæ. Базылдысты, Стыр Уæлахизы 70 азы кадæн цы сквер фæзынд, уымæ. Бафснайдтой, чъырæй сцагътой бæлæстæ æмæ афтæ дарддæр. Аивгæнæн куыстыты бацархайдтой хистæр æмæ кæстæр кары адæм, уæдæ фæсивæды нымæц дæр чысыл нæ уыд. Афтæмæй æмдыхæй базылдысты сæ уарзон сквермæ. Уæвгæ та аивгæнæн куыстытæ ам арæзт фæцæуынц алы сезоны дæр. Зиуы зæрдиагæй фæархайынц бынæттон скъоладзаутæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania