филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
28 апреля 2021, 14:52
Уæрæсейы райдыдта аивгæнинаг объекттыл хъæлæс кæныны процедурæ

Нæ бæстæйы алы цæрæгæн дæр, 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдонæн фадат ис горæты территори кæнæ дизайн-проект равзарынæн

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Уæрæсейы райдыдта аивгæнинаг объекттыл хъæлæс кæныны процедурæ. Нæ бæстæйы алы цæрæгæн дæр, 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдонæн фадат ис горæты территори кæнæ дизайн-проект равзарынæн. Хъæлæс раттæн ис платформæ «загородсреда.ру»-йы стæй паддзахадон лæггæдты сайты. Цæгат Ирыстоны ис 100 æхсæнадон аивгæнинаг зонæйы. Кæцытæ равзардзысты, уый аразгæ у нæ бæстæйы цæрджытæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Афганистаны ветеранты цæдисы сæрдар Пхалæгаты Сергей æппæты фыццаг радта йæ хъæлæс, аив кæнын кæй хъæуы, уыцы объектты æвзæрстыты. Нæлгоймаг схъæлæс кодта Афгайнаг сквер саив кæныныл. Нæ республикæйы фæзындис 2004 азы. Уæд, ветеранты цæдисы хъæппæрисмæ гæсгæ æдзард хæстонты номарынæн сæвæрдтой цыртдзæвæн æмæ саив кодтой алыварс территори. Æвддæс азмæ сквер ссис адæмы уарзондæр фæллладуадзæн бынæттæй иу, фæлæ ныртæккæ домы æвæстиаты рацарæзт.

26 апрелы æгас Уæрæсейы райдыдтой хъæлæс кæнын. Мадзал цæуы æнцонархайд горæты тыгъдады федералон проекты фæрцы. Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой, саив кæнын чи домы, ахæм сæдæ æхсæнадон бынаты. Уыдонæй æрмæст Дзæджыхъæуы ис æстдæс. Хъæлæс раттынæн та минутæй фылдæр нæ хъæуы.

Архонкæйы раздæры хъæддзаума аразæг фабричы раз цы парк ис, уый фæзынд бынæттон цæрджыты тыхтæй. Созанаты Олег куыд зæгъы, афтæмæй ацы бæлæсты сатæджы сæ фæллад уагътой архонкæйæгты цалдæр фæлтæры. Тынг хорз бынат у, фæлæ дзы нæ фаг кæны хъæугæ инфраструктурæ. Уый тыххæй бынæтон цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц онлайн-æвзæрстытыл.

Онлайн фæткæй йæ бон хъæлæс радтын кæмæн нæу, уыдонæн æххуыс кæнынц бархионтæ. Фæсивæдон комитет æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады тыхтæй сæрмагонд ахуыртæ ацыдысты сæдæ æрыгон адæймаджы. Уыдон æмбарын кæнынц хъæлæс кæныны фæтк.

Хъæлæс радтæн уыдзæнис 30 маймæ. Уый фæстæ специалисттæ райдайдзысты проекттæ аразын æмæ сметæтæ фидар кæнын. 2022 азы цыпор æхсæнадон бынаты аивгонд æрцæудзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania