филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
29 апреля 2021, 13:26
Цæгат Ирыстоны афæдзы райдианæй сбæрæг сты алименттимæ баст 2,4 мины барадхæлды

Владимир Путин бадомдта, цæмæй алименттæ фидыны фарста лыггонд æрцæуа, уый

Владимир Путин бадомдта, цæмæй алименттæ фидыны фарста лыггонд æрцæуа, уый. Уымæн та хъæуы ведомствоты хсæн æмархайды системæ банывыл кæнын. Федералон æмбырдмæ æврылазон ныстуаны нæ бæстæйы разамонæг бафиппайдта, уавæр кæй у карз, æмæ йыл хъæуы æвæстиатæй бакусын. Цæгат Ирыстоны та алименттæ фидыны хъуыддаг куыд æвæрд у, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Светланæ иунæгæй хъомыл кæны дыууæ сывæллоны. Йæ къаимæ куы рахицæн, уæд йæ сывæллæтты фыдимæ баныхас кодта, барвæндонæй сын кæй æххуыс кæндзæн, уый тыххæй. Фæлæ Светланæйы хыгъдмæ æхца æдзух нæ цыдысты. Цыбыр рæстæджы фæстæ нæлгоймаг йæхи рамбæхс-бамбæхс кæнын райдыдта. Цалдæр азмæ йын æрæмбырд хæс — цыппорсæдæ цыппор мин сомы.

Хъыгагæн, алиментты тыххæй быцæудзинæдтæ алкæд хорзæй нæ ахицæн вæййынц. Æмæ кæд фыды йæ цоты дарын нæ фæнды, уæд уыцы хъуыддаджы баххуыс кæнынц пъырыстыфтæ.

Алименттæ чи нæ фиды, уыдоны закъон карз æфхæры. Кæны сæ ивар, исы сын сæ ныййарæджы бартæ, машинæ тæрыны бартæ æмæ ма сæ æфхæры уголовон уагæй дæр. Алименттæ дыууæ мæйæ фылдæр чи нæ фида, уыцы хæсджынты ивар кæнынц 20 мин сомы. Кæнæ та сын стæрхон кæнынц æхсæнадон куыстытæ науæд административон ахст. Барадхалæджы фынддæс суткæйы дæргъы сбадын кæнынц тæрхондоны. Цæгат Ирыстоны афæдзы райдианæй сбæрæг сты алименттимæ баст дыууæ мины цыппарсæдæ барадхæлды. Уыдонæй пъырыстыфты фæрцы бафыстой дæс милуан сомы.

Алименттимæ баст фарстатæ хъуамæ лыггонд цæуой дæрддзæф фæткæй æрмæстдæр пъырыстыфты æххуысæй. Уый тыххæй загъта Владимир Путин Федералон æмбырдмæ ныстуаны. Президент бахаста хъæппæрис, цæмæй алименттæ бадомыны хъуыддаг фенцондæр кæной æмæ йæ раивой автоматикон фæткмæ. Уыимæ банкты æххуысæй.

Алименттæ нæ фидыны бар ис, æрмæстдæр æгуыст чи у, уыдонæн. Иннæты та бафхæрдзысты закъоны бындурыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania